Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

17 УРОК

Дӕ дзурд уӕд ӕнцонлӕдӕрӕн

Дӕ дзурд уӕд ӕнцонлӕдӕрӕн

1 Коринфӕгтӕмӕ 14:9

ДӔ НИСАН. Дӕ дзурд дин ӕнцонтӕй куд лӕдӕронцӕ, уотӕ дзорӕ.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Ӕрмӕг дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнӕ. Дӕ темӕ дӕхуӕдӕг хуарз ку балӕдӕрай, уӕд ӕй иннетӕн дӕр дӕ бон уодзӕй хумӕтӕгӕй ӕма дӕхе дзурдтӕй балӕдӕрун кӕнун.

  • Цубур гъудийӕдтӕй ӕма хумӕтӕг дзурдтӕй дзорӕ. Дӕ бон ӕй даргъ гъудийӕдтӕ дзорун, фал сӕйраг гъудитӕ ба хуӕздӕр уодзӕй цубуртӕй дзорун.

  • Ӕнӕзонгӕ дзурдтӕ лӕдӕрун кӕнӕ. Игъосгутӕ ке нӕ зонунцӕ, уӕхӕн дзурдтӕй, гӕнӕн уогӕй, ма пайда кӕнӕ. Библийӕй кедӕр кой ку кӕнай кенӕ, уӕди рӕстӕги ци барӕнтӕй пайда кодтонцӕ ӕма цӕхуӕн ӕгъдӕуттӕ адтӕй, уой туххӕй ку дзорай, уӕд сӕ балӕдӕрун кӕнӕ.