Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

18 УРОК

Игъосгутӕн фулдӕр базонунмӕ банхус кӕнӕ

Игъосгутӕн фулдӕр базонунмӕ банхус кӕнӕ

1 Коринфӕгтӕмӕ 9:19–23

ДӔ НИСАН. Дӕ дзурдтӕй иннети сагъӕси ӕфтауӕ. Гъӕуама балӕдӕронцӕ, ӕхсидзгӕ цидӕр ке базудтонцӕ.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Расагъӕс кӕнӕ, цӕбӕл дзордзӕнӕ, уой туххӕй дӕ игъосгутӕ ци зонунцӕ. Ци зонунцӕ, уой син нӕуӕгӕй ма дзорӕ, фал син банхус кӕнӕ еци фарстамӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсун.

  • Ӕрмӕг байагорӕ ӕма ибӕл лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ. Цӕмӕй сӕйраг гъудитӕ балӕдӕрун кӕнай, уой туххӕй, гӕнӕн ку уа, уӕд радзорӕ, игъосгутӕ ке нӕ зонунцӕ, уӕхӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ кенӕ нӕуӕг хабӕрттӕ. Лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ, ци бӕлвурдгӕнӕнтӕ ӕрхӕсдзӕнӕ, уони ӕрмӕги хӕццӕ куд исбӕтдзӕнӕ, уобӕл.

  • Лӕдӕрун кӕнӕ, ци дзорис, е ци пайда ӕй, уой. Балӕдӕрун кӕнӕ, Библий стихтӕ игъосгутӕн царди куд банхус кӕндзӕнцӕ. Дзорӕ, игъосгутӕн зонгӕ ка ӕй, уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл, уавӕртӕбӕл ӕма хабӕрттӕбӕл.