2 УРОК
Ӕнӕуой куд фӕдздзорис, уотӕ дзорӕ
2 Коринфӕгтӕмӕ 2:17
ДӔ НИСАН. Дзорӕ, ӕнӕуой куд фӕдздзорис уотӕ. Бӕрӕг уӕд, дӕ игъосгутӕмӕ хуарз зӕрдӕ ке дарис ӕма цӕбӕл дзорис, е дӕхе зӕрдӕбӕл дӕр ке ӕмбӕлуй.
УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:
-
Дӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕ ӕма ковӕ. Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна, ци хабар игъосун кӕнис, уобӕл сагъӕс кӕнун, дӕ игъосгутӕ дӕмӕ ци цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ, уобӕл нӕ, фал. Ци сӕйраг гъудитӕ гъӕуама зӕгъай, уони нигъгъуди кӕнӕ. Кӕсгӕ цума кӕнис, уотӕ ма дзорӕ, фал дӕхе дзурдтӕй.
-
Зӕрдиагӕй дзорӕ. Расагъӕс кӕнӕ, дӕ игъосгутӕн ци дзорис, уой зонун сӕ цӕмӕн гъӕуй, уобӕл. Уӕд дӕ цӕстингасӕй дӕр бӕрӕг уодзӕй, хуарз зӕрдӕ сӕмӕ ке дарис, е.
-
Дӕ игъосгутӕмӕ кӕсӕ. Ке хӕццӕ дзорис, уонӕмӕ кӕсӕ. Радзубандий рӕстӕг дӕ бон ӕй, уӕд еу адӕймагмӕ бакӕсун, уӕд – иннемӕ, цума сӕ хӕццӕ дзорис, уотӕ.