Ниййергутӕн!
Уӕ сувӕллонӕн тӕккӕ хуӕздӕр ци ӕй уӕ бон раттун? Сувӕллӕнтти гъӕуй уарзун, ахур кӕнун ӕма гъӕуай кӕнун. Фал син тӕккӕ хуӕздӕр ба уодзӕй, Йегови туххӕй син ку дзорайтӕ ӕма Библи цӕбӕл ахур кӕнуй, уой син ку амонайтӕ (Иоанни 17:3). Уой фӕрци уӕ сувӕллӕнттӕ Йегови уарззӕнцӕ ӕма ин зӕрдиагӕй лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ (Матфейи 21:16).
Берӕ ниййергутӕ ’й зонунцӕ, сувӕллӕнттӕ цубур уроктӕ ӕма гъӕзтитӕ ке уарзунцӕ, уой. Ӕма уомӕ гӕсгӕ рауагътан брошюрӕ «Ӕз ахур кӕнун Библи». Аци брошюрӕ уотӕ арӕзт ӕй, цӕмӕй ӕртӕ анзей уӕнгӕ кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн сувӕллӕнттӕ Библий ӕхсидзгӕ гъудитӕ ӕнцонтӕй балӕдӕронцӕ. Ес ма си ихӕслӕвӕрдтӕ дӕр. Брошюрӕ «Ӕз ахур кӕнун Библи» уой туххӕй уагъд нӕй, цӕмӕй си сувӕллӕнттӕ гъазгӕ кӕнонцӕ, фал цӕмӕй ниййергутӕ сӕ хӕццӕ кӕсонцӕ ӕма ибӕл еумӕ дзоронцӕ.
Нифс нӕмӕ ес, аци брошюрӕ уин ке банхус кӕндзӕй уӕ сувӕллӕнттӕн сӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ дӕр Библий рӕстдзийнадӕ амонун (2 Тимофеймӕ 3:14, 15).
Уе ’нсувӕртӕ,
Йегови Ӕвдесӕнти Разамонӕг совет