4 урок
Уаруй бабӕй ӕндегӕй,
Викӕ кӕуй медӕгӕй:
«Кӕдмӕ уодзӕй аци уарун?
Ӕндегӕй мӕ фӕндуй гъазун».
Фал ӕвваст хор ракастӕй.
Ӕма уарун ӕрлӕудтӕй.
Викӕ хъӕбӕр бацийнӕ ’й
Ма ӕндӕмӕ ралигъдӕй.
Вики десӕн кӕрон н’ адтӕй,
Уотӕ хъӕбӕр рӕсугъд адтӕй!
Уарун нин Хуцау дӕттуй,
Зӕнхӕ донӕй ӕфсадуй,
Дидингутӕ искӕсуй,
Викӕ сӕбӕл дес кӕнуй.
НИЙЙЕРГУТӔН
Бакӕсӕ дӕ сувӕллонӕн:
Сувӕллон хузӕбӕл бавдесӕд, кӕми ӕй:
къӕразгӕ цъеу Викӕ
бӕласӕ дидингутӕ
Сувӕллон хузӕбӕл иссерӕд:
хъӕбуза хуӕдтӕхӕг
Сувӕллони бафӕрсӕ:
Йеговӕ уарунтӕ цӕмӕн дӕттуй?