Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

2 ФАРСТА

Ме’ ндаг бакаст мӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕннӕ цӕуй?

Ме’ ндаг бакаст мӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕннӕ цӕуй?

УОЙ ЗОНУН ЦӔМӔН ГЪӔУЙ?

Кӕцидӕр гъуддӕгтӕ, айдӕни ци уинис, уомӕй берӕ ӕхсидзгӕдӕр ӕнцӕ.

ДУ БА КУД БАКОДТАЙСӔ?

Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ: Джули айдӕнӕмӕ кӕсуй ӕма сагъӕс кӕнуй: «Мӕнӕ ци ставд дӕн!» Ӕма ’й кӕд ӕ ниййергутӕ ӕма е ’мбӕлттӕ къӕсхуртӕ фӕххонунцӕ, уӕддӕр ӕхецӕн фӕззӕгъуй: «Фудхуз кӕнун мӕ гъӕуй».

Ӕрӕги ба исфӕндӕ кодта еу къуар кили рагӕлдзун. Уой туххӕй цалдӕр бони гъӕуама ӕнӕхуӕргӕ адтайдӕ.

Дӕумӕ дӕр Джулий хузӕн гъудитӕ ку фӕззиндтайдӕ, уӕд ци бакодтайсӕ?

ӔРЛӔУУӔ ӔМА РАСАГЪӔС КӔНӔ!

Зулун айдӕнӕмӕ ку кӕсай, уӕд, ӕцӕгӕй цӕхуӕн дӕ, уой нӕ фӕууиндзӕнӕ

Де ’ндаг бакастбӕл ке тухсис, уоми лӕгъузӕй неци ес. Библий дӕр финст ес, рӕсугъд ка адтӕй, уӕхӕн силгоймӕгтӕ ӕма нӕлгоймӕгти туххӕй, зӕгъӕн, Саррӕ, Рахиль, Авигейӕ, Иосиф ӕма Давид. Еу кизги туххӕй ба си финст ес, «ӕмбесонди рӕсугъд» адтӕй, зӕгъгӕ, ӕ ном хундтӕй Ависагӕ (1 Паддзӕхти 1:4).

Абони хъӕбӕр берӕ ӕригӕнттӕ сӕ бакастӕй ӕндӕр нецӕбӕл бал фӕттухсунцӕ. Е сӕ хуарзӕй нецӕмӕ ӕркӕнуй. Ӕркӕсӕн:

  • Бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ Еугонд Штатти кизгуттӕй 58 процентти сӕхе ставд худтонцӕ, уотемӕй ба си ӕцӕгӕй фудхуз кӕнун ке гъудӕй, уӕхӕнттӕ адтӕй ӕрмӕстдӕр 17 процентти.

  • Еугонд Штатти иннӕ бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ ба ӕгӕр фудхуз ка ӕй, уӕхӕн силгоймӕгтӕй 45 процентти уотӕ сагъӕс кӕнунцӕ, ӕма ма сӕ никкидӕр фудхуз кӕнун гъӕуй!

  • Ӕхе ниффудхуз кӕнунбӕл ка архайдта, еци ӕригӕнттӕй кӕцидӕртӕ фӕссӕйгӕ унцӕ анорексийӕй. Анорексийӕй сӕйгӕ адӕймаг ӕхе барӕй стонгӕй фӕммаруй. Еци нез цардӕн хъӕбӕр тӕссаг ӕй.

Дӕхемӕ уӕхӕн ести ку балӕдӕрай, уӕд ӕнхус ракорӕ. Фиццагидӕр бал ӕй дӕ ниййергутӕн радзорӕ кенӕ, хуарз ке хӕццӕ дӕ, уӕхӕн хестӕртӕй ескӕмӕн. Библи зӕгъуй: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзуй. Е ӕй, зин сахат адӕймаги фарсмӕ балӕуунмӕ ка райгуруй, уӕхӕн ӕнсувӕр» (Ӕмбесӕндтӕ 17:17).

ӔЦӔГӔЙДӔР ДӔ ӔРКӔСУН ЦӔМӔ ГЪӔУЙ?

Адӕймаг зӕрдӕмӕдзӕугӕ уодзӕй ӕви нӕ, е ӕндаг бакастӕй кӕнгӕ нӕй. Ӕркӕсӕн, паддзах Давиди фурт Авессаломи хабармӕ. Библи зӕгъуй:

«Авессаломи хузӕн рӕсугъд нӕлгоймаг н’ адтӕй. Къахӕй сӕрмӕ имӕ еу гъӕндзийнадӕ дӕр н’ адтӕй иссерӕн» (2 Самуили 14:25).

Фал Авессалом адтӕй хъӕбӕр сӕрбӕрзонд, кадӕуарзагӕ ӕма хийнӕзӕрдӕ адӕймаг! Уомӕ гӕсгӕ Библи Авессаломи хуарз адӕймагӕй не ’вдесуй, фал адзӕсгон, лӕгмар ӕма, ӕууӕнкӕ кӕбӕл н ’адтӕй, уӕхӕн адӕймагӕй.

Библи нин дзӕгъӕли нӕ зӕгъуй:

«Уӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййеветӕ» (Колоссӕгтӕмӕ 3:10).

«Уӕ федауцӕ дзиккоти бид, сугъзӕринттӕ кенӕ уӕледарӕс ма уӕд, фал, уӕ зӕрди ци ес, е» (1 Петури 3:3, 4).

Рӕсугъддзийнади лӕгъузӕй неци ес, фал уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ба ӕй, цӕхуӕн зӕрдӕ дин ес, е. Адӕн дӕ, рӕсугъд ке дӕ, уой туххӕй нӕ уарздзӕнцӕ, фал дӕ хуарз менеугути туххӕй. Еу кизгӕ, Фелисийӕ, загъта: «Рӕсугъд бакаст цӕстӕ ӕхемӕ ӕлвасуй, фал е рӕстӕгмӕ фӕууй, уомӕн ӕма адӕймагӕн уӕддӕр ӕ хуарз менеугутӕ, удта ӕ зӕрдихатт нигъгъуди кӕнунцӕ».

ДӔХЕМӔ ЦӔХУӔН ЦӔСТӔЙ КӔСИС?

Дӕ бакаст арӕх нӕ фӕццӕуй дӕ зӕрдӕмӕ?

Ескӕд операци искӕнунбӕл кенӕ карз диетӕбӕл исбадунбӕл сагъӕс кодтай?

Дӕ бон ку адтайдӕ, уӕд дӕхеми ци раййивтайсӕ? (Ци равзардзӕнӕ?)

  • АСӔ

  • УӔЗӔ

  • ДЗИККОТӔ

  • ГУРИ КОНД

  • ЦӔСГОН

  • ӔНДӔР ЕСТИ

Кӕд фиццаг дууӕ фарстайебӕл «гъо» загътай, ӕртиккаги ба ӕртӕ кенӕ фулдӕр дзурди баханхӕ кодтай, уӕд ӕй зонӕ, дӕхемӕ ци цӕстӕй кӕсис, иннетӕ дӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй нӕ кӕсунцӕ. Дӕ бакастбӕл ӕгӕр ку мӕтӕ кӕнай, уӕд дӕ е хуарзӕй нецӕмӕ ’ркӕндзӕй (1 Самуили 16:7).