1 ФАРСТА
Цӕхуӕн адӕймаг дӕн?
ДУ БА КУД БАКОДТАЙСӔ?
Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ: Каринӕ ӕрбацудӕй е ’мбӕлтти хӕццӕ рабадунмӕ. Дӕс минутти дӕр ибӕл нӕма рацудӕй, уотемӕй ӕ фӕсте кедӕр зонгӕ гъӕлӕс райгъуста:
– Ами еунӕгӕй ци лӕууис?
Каринӕ фӕстӕмӕ ракастӕй ӕма Джесики ӕрбацӕугӕ фӕууидта, ӕ къохи ба дууӕ бӕгӕний. Джесикӕ имӕ еу бӕгӕни балӕвардта ӕма загъта: «Ӕрмӕст уотӕ ма зӕгъӕ, ӕма дин нӕма ӕнгъезуй!»
Карини нӕ фӕндадтӕй есун, фал тарстӕй, Джесикӕ си уотӕ ку бангъӕла, ӕма ӕхе ерхӕфсун нӕ зонуй. Удта Джесики, уӕлдай миутӕ ка фӕккӕнуй, уӕхӕн кизгӕй дӕр нӕ зонуй. Ӕма сагъӕс кӕнуй, кӕд Джесикӕ ниуазуй, уӕд си, ӕвӕдзи, лӕгъузӕй неци ес, зӕгъгӕ. Каринӕ ӕхецӕн загъта: «Цӕй, фудниуӕзт си нӕ кӕнун, кӕд наркотиктӕ нӕ ’нцӕ».
Ду ба Карини бунати ци бакодтайсӕ?
ӔРЛӔУУӔ ӔМА РАСАГЪӔС КӔНӔ!
Цӕмӕй уӕхӕн уавӕри зундгин унаффӕ рахӕссай, уой туххӕй гъӕуй федар уодигъӕдӕ. Федар уодигъӕдӕ дин ку уа, уӕд ӕй зондзӕнӕ, цӕхуӕн адӕймаг дӕ ӕма цӕхуӕн гъудибӕл хуӕст дӕ, уой. Уотемӕй дӕ цардӕн хецау дӕхуӕдӕг уодзӕнӕ, еске дин ӕй нӕ араздзӕй (1 Коринфӕгтӕмӕ 9:26, 27).
Еци гъуддаги дин ци банхус кӕндзӕй? Фиццагидӕр бал расагъӕс кӕнӕ, идарддӕр ци фарстатӕ ес, уонӕбӕл.
1 ЦӔХУӔН ХУАРЗ МЕНЕУГУТӔ МӔМӔ ЕС?
Дӕ хуарз менеугутӕ ку зонай, уӕд дӕхецӕн аргъ кӕндзӕнӕ.
ЦӔВЕТТОН БИБЛИЙӔЙ. Апостол Павел финста: «Кӕд дзорунмӕ дӕсни нӕ дӕн, уӕддӕр зонгӕ фагӕ кӕнун» (2 Коринфӕгтӕмӕ 11:6). Павел Финстадӕ хуарз ке зудта, уой фӕрци иннети уайдзӕфтӕ нецӕмӕ дардта. Кӕд си лӕгъуз цидӕртӕ дзурдтонцӕ, уӕддӕр ӕ нифс нӕ басастӕй (2 Коринфӕгтӕмӕ 10:10; 11:5).
РАСАГЪӔС КӔНӔ. Ниффинсӕ, хуӕздӕр цӕмӕ арӕхсис, уой.
Нур ба расагъӕс кӕнӕ, цӕхуӕн хуарз менеугутӕ дӕмӕ ес, уобӕл. (Зӕгъӕн: иннетӕбӕл фӕттухсис? рӕдау дӕ? ӕууӕнкӕ дӕбӕл ес? дӕ гъуддӕгтӕ афойнадӕбӕл фӕккӕнис?)
2 ЦӔБӔЛ МӔ ГЪӔУЙ БАЙАРХАЙУН?
Бӕттӕн листӕг кӕми фӕууй, скъунгӕ дӕр уоми ракӕнуй. Дӕ уодигъӕдӕ федар ку уа, уӕд дӕ дӕ зӕрди лӕгъуз фӕндтӕ нӕ расайдзӕнцӕ.
ЦӔВЕТТОН БИБЛИЙӔЙ. Апостол Павел хуарз лӕдӕрдтӕй, цӕбӕл ӕй гъудӕй архайун, уой ӕма загъта: «Мӕ зӕрди медӕг цийнӕ кӕнун Хуцауи закъонбӕл, фал ме ’уӕнгти ба цӕруй ӕндӕр закъон – е тох кӕнуй мӕ зунди закъони хӕццӕ. Е ӕй тӕрегъӕди закъон ӕма мӕ кӕнуй ӕ уацайраг» (Ромӕгтӕмӕ 7:22, 23).
РАСАГЪӔС КӔНӔ. Цӕхуӕн гъуддӕгти дӕ гъӕуй дӕхе уорамун?
3 ЦӔХУӔН НИСӔНТТӔ МИН ЕС?
Машинӕ ку байхуӕрсай, уӕд шоферӕн уотӕ зӕгъдзӕнӕ, кумӕфӕндийдӕр мӕ ласӕ, зӕгъгӕ, цалинмӕ дӕ бензин нӕ фӕууа, уӕдмӕ? Е ӕнӕзунд миуӕ адтайдӕ, удта де ’хца дӕр дзӕгъӕли ракалдтайсӕ!
Е цӕбӕл дозорӕг ӕй? Бӕлвурд нисӕнттӕ дин ку уа, уӕд царди дзӕгъӕлтӕ нӕ кӕндзӕнӕ, уомӕн ӕма ’й зондзӕнӕ, цӕмӕ тундзис ӕма дӕ уой туххӕй ци кӕнун гъӕуй, уой.
ЦӔВЕТТОН БИБЛИЙӔЙ. Павел финста: «Ӕз уотӕ нӕ ледзун, цума, цӕй туххӕй ледзун, уой нӕ зонун» (1 Коринфӕгтӕмӕ 9:26). Павел уотӕ нӕ сагъӕс кодта, ци уа, е уӕд, зӕгъгӕ, фал ӕ рази нисӕнттӕ ӕвардта ӕма архайдта, цӕмӕй ӕ къохи бафтудайуонцӕ (Филиппӕгтӕмӕ 3:12–14).
РАСАГЪӔС КӔНӔ. Ниффинсӕ, иннӕ анзмӕ дӕ рази цӕхуӕн ӕртӕ нисани исӕвардтай, уой.
4 ЦӔБӔЛ ӔУУӔНДУН?
Дӕхе гъуди дин ку нӕ уа, уӕд дӕ бон унаффитӕ хӕссун нӕ уодзӕй. Уодзӕнӕ, ӕ алливарс ци фӕууй, уой хузӕ ка райсуй, уӕхӕн хамелеони хузӕн, ӕма цӕмӕй иннетӕй ма хецӕн кӕнай, уой туххӕй дӕхе гъуди алли хатт дӕр ӕййевдзӕнӕ.
Алли гъуддаги фӕдбӕл дӕр дин дӕхе гъуди ку уа, уӕд иннети зундбӕл некӕд рацӕудзӕнӕ, цийфӕнди ку кӕнонцӕ, уӕддӕр.
ЦӔВЕТТОН БИБЛИЙӔЙ. Пахампар Данел ма ӕригон ку адтӕй, уӕд ӕй ӕ бийнонтӕй фӕххецӕн кодтонцӕ, фал уӕддӕр «ӕхецӕн федарӕй загъта», Хуцауи закъӕнттӕ алкӕддӕр ке ӕнхӕст кӕндзӕй (Данел 1:8). Ӕма ӕ дзурдӕн хецау разиндтӕй. Данел ӕ цард аразта, цӕбӕл ӕууӕндтӕй, уомӕ гӕсгӕ.
РАСАГЪӔС КӔНӔ. Цӕхуӕн гъудибӕл хуӕст дӕ? Зӕгъӕн: Хуцаубӕл ӕууӕндис? Кӕд гъо, уӕд цӕмӕн? Хуцау ке ес, уой ду кӕцӕй зонис?
Хуцауи уагӕвӕрдтӕ пайда ке ’нцӕ, уобӕл ӕууӕндис? Кӕд гъо, уӕд цӕмӕн?
Мадта, минкъий дунгӕй дӕр ка ӕрхауй, уӕхӕн сифи хузӕн уодзӕнӕ, ӕви тухдунгӕ дӕр ке нӕ рахъан кӕндзӕй, уӕхӕн бӕласи хузӕн? Дӕхе гъуди дин ку уа, уӕд уодзӕнӕ федар бӕласи хузӕн ӕма ’й зондзӕнӕ, цӕхуӕн адӕймаг дӕ, уой!