3 СӔР
Адӕймаги цард ка ӕййевуй, уӕхӕн унаффитӕ
ӔРХӔССӔН цӕветтон: кӕми цӕрис, уоми фӕззиндтӕй нӕуӕг дохтур. Фиццаг рӕстӕг имӕ, ка ’й зонуй, ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй кастӕ. Фал имӕ де ’мбӕлттӕ бацудӕнцӕ ӕма се ’нӕнездзийнадӕ дзӕвгарӕ фӕххуӕздӕр ӕй. Уӕд дӕр ма еци дохтурмӕ уӕхӕн цӕстӕй кӕсдзӕнӕ?
Библи дӕр ес уӕхӕн дохтури хӕццӕ рабарӕн. Еуӕй-еуетӕ имӕ фиццаг ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй фӕккӕсунцӕ, фал си ци унаффитӕ ес, уонӕй пайда кӕнун ку райдайунцӕ, уӕд сӕ цард дзӕвгарӕ фӕххуӕздӕр уй. Ӕркӕсӕн цалдӕр цӕветтонемӕ.
Бийнонти зиндзийнӕдтӕ
Сумиетюн дзоруй: «Киндзи ку ’рцудтӕн, уӕд мӕмӕ фиццаг бонӕй фӕстӕмӕ дӕр уотӕ кастӕй, цума мӕ мӕ лӕг Дюмас нӕ уарзуй. Уой туххӕй мӕ зӕрдӕ мастӕй байдзаг уидӕ ӕма еци маст ба мӕ лӕгбӕл фӕккӕнинӕ. Хилӕ кӕнгӕй ин алли фудтӕ никкалинӕ, ӕма мӕ къохи буни ци фӕууидӕ, уой ибӕл фехсинӕ, сауӕнгӕ ма ’й нӕмун дӕр райдаинӕ. Еци хилтӕй хъӕбӕр бафӕллаинӕ.
Дюмас Хуцауи Дзурд ахур кӕнун ку райдӕдта, уӕд ибӕл фиццӕгти ходгӕ кодтон. Фал сӕмӕ, раст зӕгъгӕй, ӕндӕр уатӕй сосӕггай игъосинӕ. Еу хатт райгъустон, еу скъуддзаг куд кастӕнцӕ, уой: „Уоститӕ сӕ лӕгти коммӕ кӕсӕнтӕ, Хецауи коммӕ куд кӕсунцӕ, уотӕ... Уосӕ ба гъӕуама ӕ лӕги нимайа“ (Ефесӕгтӕмӕ 5:22, 33). Еци дзурдтӕ мӕ зӕрди уотӕ бахизтӕнцӕ, ӕма Хуцауӕй хатир корун райдӕдтон, мӕ лӕги хӕццӕ мӕхе уотӕ ке дардтон, уой туххӕй. Удта имӕ кувтон, цӕмӕй мин банхус кодтайдӕ мӕ лӕгӕн хуарз бийнойнаг исун. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй ӕма Дюмаси хӕццӕ еумӕ райдӕдтан Хуцауи Дзурд ахур кӕнун».
Библи зӕгъуй: «Лӕгтӕ... сӕхе бауӕр куд уарзунцӕ, уотӕ гъӕуама уарзонцӕ сӕ уостити» (Ефесӕгтӕмӕ 5:28). Сумиетюн ма загъта: «Библийӕй ци базудтан, е нӕ дууебӕл дӕр хъӕбӕр фӕббӕрӕг ӕй. Дюмас кустӕй ку ’рбацӕуидӕ, уӕд ин ӕ рази тӕвдӕ чай райвӕринӕ ӕма ӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй дзубандитӕ кодтон. Уой уингӕй мӕмӕ Дюмас дӕр фӕффӕлмӕндӕр ӕй, ӕма мӕмӕ хӕдзари кустити дӕр фӕккӕсидӕ. Нӕ дууӕ дӕр архайдтан аци унаффӕмӕ гӕсгӕ: „Кӕрӕдземӕ уотӕ хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзей зин лӕдӕретӕ, ӕма... кӕрӕдземӕн... зӕрдӕй хатир кӕнтӕ“ (Ефесӕгтӕмӕ 4:32). Аци унаффи фӕрци кӕрӕдзей бонӕй-бонмӕ хъӕбӕрдӕр уарзтан ӕма кӕрӕдземӕн фулдӕр аргъ кодтан. Нур 40 анземӕй фулдӕр еумӕ амондгунӕй цӕрӕн. Хуцауи Дзурди дессаги унаффитӕ нин нӕ бийнонти цард багъӕуай кодтонцӕ!»
Хебӕл хуӕцун
Таиб дзоруй: «Раздӕр минкъий естӕбӕл дӕр мӕстӕй рафицинӕ. Нӕмгӕ арӕх кодтон, удта адӕммӕ дӕр дамбацайӕй ӕвзистон. Мӕ бийнойнаг Кюстрийӕмӕ дӕр мӕ къох истон. Беретӕ ми тогтарст кодтонцӕ.
Еу хатт Йесой дзурдтӕ бакастӕн: „Ӕз уин дӕттун нӕуӕг фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзей уарзетӕ. Ӕз уӕ куд бауарзтон, сумах дӕр уотӕ уарзетӕ уӕ кӕрӕдзей“ (Иоанни 13:34). Аци дзурдтӕ мӕмӕ хъӕбӕр багъардтонцӕ ӕма мӕхецӕн загътон, мӕ цард ке раййевдзӕн. Мӕ хурфи естӕбӕл ку рафицинӕ, уӕд Хуцаумӕ исковинӕ, цӕмӕй мин банхус кодтайдӕ мӕхе бауорамун, ӕма мӕ маст рандӕ уидӕ. Мӕ бийнойнаги хӕццӕ архайдтан Ефесӕгтӕмӕ 4:26, 27 стихти ци унаффӕ ес, уомӕ гӕсгӕ: „Ку ’смӕстгун уайтӕ, уӕддӕр тӕрегъӕд ма ’скӕнтӕ; хор уӕбӕл мӕстгунӕй ма ранигулӕд, Сайтанӕн бунат ма дӕттетӕ“. Алли изӕр дӕр Библи еумӕ кастан ӕма Хуцаумӕ кувтан. Уой фӕрци бони дӕргъи нӕ зӕрди ци маст рамбурд уидӕ, е рандӕ уидӕ ӕма ’й лӕдӕрдтан кӕрӕдземӕ куд хӕстӕгдӕр кӕнӕн, уой.
Абони мӕ алкедӕр зонуй фӕлмӕн адӕймагӕй. Мӕ бийнойнаг ӕма мӕ мӕ сувӕллӕнттӕ уарзунцӕ ӕма мӕ нимайунцӕ. Ес мин берӕ хуарз ӕмбӕлттӕ ӕма Хуцаумӕ дӕр хӕстӕгдӕр дӕн. Мӕ бон ӕй зӕгъун, ӕма ӕцӕгӕйдӕр амондгун адӕймаг дӕн!»
Лӕгъуз гъуддӕгтӕ
Гоин дзоруй: «Ӕригонӕй рахау-бахау кодтон фудгӕнгути къуари хӕццӕ. Тамаку хъӕбӕр думдтон, удта ма ниуазгӕ дӕр кодтон. Арӕх фур расугӕй ӕхсӕвӕ гъӕунги хусгӕ байзаинӕ. Удта наркотиктӕбӕл фӕццӕфстӕн (марихуанӕ ӕма экстези) ӕма сӕ уӕйӕ дӕр кодтон, мӕ бронежилети сӕ баримӕхсинӕ, уотемӕй. Кӕд мӕ иннетӕ ӕндиуд лӕгбӕл нимадтонцӕ, уӕддӕр мӕ хурфи ба хъӕбӕр тарстӕн.
Еу хатт мин Библийӕй уӕхӕн дзурдтӕ бакастӕнцӕ: „Мӕ бӕдолӕ, мӕ закъон мин ма иронх кӕнӕ... ӕма уӕд Ӕмбесӕндтӕ 3:1, 2). Мӕн ба алкӕддӕр уӕхӕн цардӕй цӕрун фӕндадтӕй. Удта ма си уӕхӕн финст дӕр адтӕй: „Мадта, мӕ уарзон ӕнсувӕртӕ, уагӕр нин Хуцау уӕхӕн хуарздзийнӕдтӕй зӕрдӕ байвардта, уӕд нӕхе искӕдзос кӕнӕн, нӕ бауӕр ӕма нин нӕ зунд цидӕриддӕр цъумур кӕнуй, уонӕй, ӕма Хуцауӕй тӕрсгӕй кӕдзосӕй-кӕдзосдӕр кӕнӕн“ (2 Коринфӕгтӕмӕ 7:1). Уой фӕсте мӕ наркотиктӕ ниууагътон, мӕ лӕгъуз ӕмбӕлттӕй райеуварс дӕн ӕма Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун райдӕдтон.
бафтуйдзӕй дӕ цӕрӕнбонтӕбӕл, дӕ царди ӕнзтӕбӕл ӕма дӕ фарнӕбӕл“ (Кӕдӕй наркотиктӕ ниууагътон, уӕдӕй рацудӕй 17 анзи. Ӕма нур хъӕбӕр амондгун дӕн, ме ’нӕнездзийнадӕй нӕ тухсун, ес мин бийнонтӕ, хуарз ӕмбӕлттӕ ӕма Хуцауи рази мӕ цӕсгон кӕдзос ӕй. Нур расугӕй гъӕунгти нӕбал рахау-бахау кӕнун, фал мӕ фӕлмӕн хуссӕни ниххуссун».
Еу адӕмихатт иннемӕй уӕлдӕр кӕнун
Бамбанг дзоруй: «Фудгъуддӕгтӕ кӕнун ӕригонӕй райдӕдтон. Фудмиутӕ кӕмӕн фӕккӕнинӕ, уонӕй сӕ фулдӕр адтӕнцӕ, ме ’сӕфт кӕмӕй уидтон, еци адӕмихаттӕй.
Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте Хуцауи агорун райдӕдтон. Ӕма уотемӕй бахаудтӕн, Хуцауи Дзурд ӕртасунмӕ ка ӕмбурд кодта, еци адӕммӕ. Сӕ астӕу адтӕй, ӕз ке нӕ уарзтон, еци адӕмихаттӕй дӕр. Ӕма мӕмӕ хъӕбӕр зӕрдиагӕй расалам кӕниуонцӕ. Еци адӕм адтӕнцӕ аллихузи адӕмихӕттитӕй, фал кӕрӕдзей хӕццӕ хъӕбӕр лимӕн адтӕнцӕ. Хъӕбӕр сӕбӕл дес кӕнинӕ! Гъе уӕд балӕдӕрдтӕн аци дзурдтӕ: „Хуцау... неке гъолон кӕнуй, фал алли адӕмихаттӕй ӕ зӕрдӕмӕ цӕуй, ка си тӕрсуй ӕма рӕстӕй ка цӕруй, уӕхӕн адӕймаг“ (Гъуддӕгтӕ 10:34, 35).
Абони еугур адӕмихӕттитӕмӕ дӕр ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсун. Ме ’мбӕлтти астӕу ба ес, раздӕр ме ’сӕфт кӕмӕй уидтон, еци адӕмихӕттитӕй дӕр. Хуцау мӕ ӕ Дзурди фӕрци исахур кодта уарзун».
Фудгъуддӕгтӕ
Дзоруй Гароге: «Ӕригон биццеу ма ку адтӕн, уӕд ахӕстдони ӕртӕ хатти бадтӕн. Дууӕ хатти давгӕ ке ракодтон, уой туххӕй, еу хатт ба кедӕр ке барӕхустон, уой туххӕй. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ба, хецауади нихмӕ ка цудӕй, еци адӕми хӕццӕ бафтудтӕн ӕма хъӕбӕр берӕ адӕм фесафтан. Еци змӕнститӕ ку ’рсабур ӕнцӕ, уӕд рекъитгӕнгути къуармӕ
бафтудтӕн ӕма сӕ хестӕр исдӕн. Мӕ хӕццӕ алкӕддӕр адтӕй, гъӕуай мӕ ка кодта, уӕхӕн лӕгтӕ. Хъӕбӕр ӕнӕхатир лӕг адтӕн ӕма ми адӕм тарстӕнцӕ.Еу хатт Библий уӕхӕн дзурдтӕ бакастӕн: „Уарзондзийнадӕ берӕ фӕразуй ӕма ӕй хӕларзӕрдӕ. Уарзондзийнадӕ соцъа нӕ кӕнуй, ӕхе не ’стауй, ӕ сӕр бӕрзӕндти нӕ хӕссуй, ӕнӕгъдау миутӕ нӕ кӕнуй, ӕхецӕн куд хуӕздӕр уа, уобӕл нӕ гъуди кӕнуй, уайтагъд нӕ рамӕстгун уй. Лӕгъузӕй ин ка ци ракодта, уони нӕ нимайуй“ (1 Коринфӕгтӕмӕ 13:4, 5). Еци дзурдтӕ мӕ зӕрди бахизтӕнцӕ. Уой фӕсте мӕ цӕрӕнбунат ӕндӕр горӕтмӕ раййивтон, Библи ахур кӕнун райдӕдтон ӕма ци базудтон, уомӕ гӕсгӕ ма цард аразтон.
Абони ми адӕм тӕрсгӕ нӕбал кӕнунцӕ, фал мӕ зонунцӕ, Хуцауи Дзурд иннетӕн ка амонуй, уӕхӕн адӕймагӕй ӕма мӕ нимайунцӕ. Ӕма нур мӕ цард ци ӕй, уой зонун».
Хуцауи Дзурди ес хъаурӕ
Аци хабӕрттӕй хуарз зиннуй, Хуцауи Дзурд ке ӕй «уодӕгас ӕма си... устур хъаурӕ» ке ес (Дзиуиттӕгтӕмӕ 4:12). Ци унаффитӕ си ес, етӕ ӕнцонлӕдӕрӕн ӕнцӕ ӕма устур пайда хӕссунцӕ.
Цума дӕуӕн ба Хуцауи Дзурд банхус кӕндзӕй дӕ зиндзийнӕдти сӕрти рахезун? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, гъо: «Финстадӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр ӕй Хуцауи разамундӕй финст ӕма пайда ӕй адӕймаги ахур кӕнунмӕ, уайдзӕф кӕнунмӕ, гъуддӕгтӕ раст кӕнунмӕ, раст зундбӕл аразунмӕ, цӕмӕй Хуцауи адӕймаг алцидӕр хуарз зона ӕма алли хуарз гъуддагмӕ дӕр алцӕмӕйдӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).
Мадта ӕркӕсӕн Финстади сӕйраг ахурӕдтӕмӕ.