9 СӔР
Киристей цардӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
ХУЦАУ загъта, еугур адӕмӕн дӕр Разамонӕгӕй Киристей ке исӕвӕрдзӕй. Хуцау ӕй зонуй, цӕхуӕн разамунд нӕ гъӕуй, уой, ӕма нин уомӕ гӕсгӕ тӕккӕ хуӕздӕр Разамонӕги равзурста. Фал Киристе иннети хузӕн разамонӕг нӕй. Е нӕдӕр ӕфсӕдти сӕргълӕууӕг адтӕй, нӕдӕр политики гъуддӕгти архайдта, нӕдӕр аци дуйней зундбӕл хуӕст адтӕй. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Йесо Киристе адтӕй номдзуд пахампар (Матфеййи 23:10).
Хуцау алцидӕр искодта, цӕмӕй Йесо ӕнхӕст адӕймагӕй райгурдайдӕ. Фӕстӕдӕр Сайтан архайдта, цӕмӕй Йесой фӕррӕдуйун кодтайдӕ, фал Йесо ӕ нихмӕ федар лӕудтӕй, уомӕн ӕма ӕ дзурдӕй дӕр ӕма гъуддагӕй дӕр Хуцауи фӕндонмӕ гӕсгӕ архайдта. Е ӕ хъаурӕй раст пайда кодта, рӕстӕй архайдта, адтӕй зундгин ӕма адӕми уарзта. Мадта ӕркӕсӕн, Йесой цардӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.
Хуцауӕй лӕвӕрд хъаурӕй пайда кодта адӕмӕн ӕнхус кӕнунмӕ. Йесо адӕми уарзта ӕма ӕ хъаурӕ не ’вгъау кодта, цӕмӕй син, ци гъӕуагӕ адтӕнцӕ, уой равардтайдӕ. Еу хатт Йесо ӕ апостолтӕн загъта: «Тӕрегъӕд ӕнцӕ аци адӕм... ци бахуӕронцӕ, е син нӕййес» (Марки 8:2). Уой фӕсте ба дессаги гъуддаг искодта ӕма дуйней адӕмӕн, ахур кӕнунмӕ имӕ ка ӕрбацудӕй, уонӕн се ’гасемӕн дӕр бахуӕрун кодта.
Йесо алли рауӕнтӕмӕ цудӕй ӕма адӕми ахур кодта, удта «дзӕбӕх кодта аллихузи незтӕй сӕйгити ӕма, нӕфӕразгӕ ка адтӕй, уони» (Матфеййи 4:23). Уомӕ гӕсгӕ ӕ фӕдбӕл дуйней адӕм цудӕй. «Еугурӕйдӕр архайдтонцӕ Йесобӕл бамбӕлун, уомӕн ӕма си хъаурӕ рацӕуидӕ», ӕма ӕгасӕйдӕр дзӕбӕх кодтонцӕ (Лукай 6:19). Куд ӕй уинӕн, уотемӕй Йесо «уой туххӕй не ’рцудӕй, цӕмӕй ин лӕггадӕ кӕнонцӕ, фал цӕмӕй ӕхуӕдӕг балӕггадӕ кӕна ӕма ӕ уод ратта берети балхӕнуни туххӕй» (Матфеййи 20:28) a. Цума дуйней хецӕуттӕй ба уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма адӕми Йесой хузӕн уарзунцӕ?
Хуцауи хузӕн рӕстӕй архайдта. Йесо айдагъ Хуцауи закъӕнттӕ не ’нхӕст кодта, фал ма ци уагӕвӕрдтӕбӕл ӕнцойнӕ кодтонцӕ, уони дӕр. Йесо арази адтӕй псаломзаргӕнӕги дзурдти хӕццӕ: «О мӕ Хуцау, дӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун мин цийни хуасӕ ’й. Дӕ закъон ӕй мӕ зӕрди» (Псалом 40:8). Йесо адӕми нӕ дех кодта мӕгуртӕбӕл ӕма гъӕздугутӕбӕл, нӕлгоймӕгтӕбӕл ӕма силгоймӕгтӕбӕл, хестӕртӕбӕл ӕма кӕстӕртӕбӕл, алкӕмӕндӕр аргъ кодта ӕма уомӕй адтӕй Хуцауи хузӕн. Еу хатт Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕ бауайдзӕф кодтонцӕ, Йесомӕ сӕ сувӕллӕнтти ка ’рбахудта, еци ниййергутӕн. Фал син Йесо загъта: «Ӕрбауадзетӕ мӕмӕ сувӕллӕнтти. Ма сӕ хъор кӕнтӕ, уомӕн ӕма Хуцауи паддзахадӕ, аци сувӕллӕнтти хузӕн ка ӕй, уони ӕй» (Марки 10:14).
Хуцауи зундӕй архайдта. Йесо адӕймаги конд хуарз зудта ӕма ӕ «зӕрди ци ес, уой» дӕр (Иоанни 2:25). Еу хатт имӕ е знӕгтӕ адӕми рарвистонцӕ, цӕмӕй ӕй ниййахӕстайуонцӕ, фал ма етӕ дӕр загътонцӕ: «Еци адӕймаг куд дзоруй, уотӕ некӕд неке дзурдта». Йесо ба син загъта: «Ӕз цӕбӕл ахур кӕнун, е мӕхецӕй нӕй, фал мӕ ка рарвиста, уомӕй» (Иоанни 7:16, 46).
Лукай 5:12, 13; Марки 1:41, 42). Бӕрӕг ӕй Йесой ӕцӕгӕйдӕр ке фӕндадтӕй еци мӕгур лӕги ӕ гъезӕмайраг незӕй исдзӕбӕх кӕнун.
Хуцауи уарзондзийнадӕ ӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг адтӕй. Йесо адӕмӕн тӕрегъӕд кодта. Еу хатт имӕ бацудӕй «ӕ бауӕр хъотурӕй кӕмӕн нӕбал зиндтӕй, еу уӕхӕн лӕг» ӕма ин балигъстӕ кодта: «„Хецау, ӕрмӕстдӕр дӕ бафӕндӕд, ӕндӕра мӕ ’сдзӕбӕх кӕндзӕнӕ“. Йесо имӕ ӕ къох бадардта, бамбалдӕй ибӕл ӕма ин загъта: „Фӕндуй мӕ. Исдзӕбӕх уо“. Ӕма лӕгӕн ӕ хъотур уайтагъд ӕрбайсавдӕй» (Цума Йесо дӕубӕл дӕр тухсуй? Йесо ӕхуӕдӕг загъта: «Хъиамӕт ка кӕнуй ӕма уӕззау уаргъ ка хӕссуй,– ӕгасӕй дӕр мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ ратдзӕн. Ме ’фсойнӕ уӕхебӕл исӕвӕретӕ ӕма мӕнӕй исахур уотӕ, уомӕн ӕма ӕз дӕн фӕлмӕн ӕма сӕрниллӕг, ӕмӕ уодӕнцойнӕ иссердзиайтӕ» (Матфеййи 11:28, 29).
Йесо ӕй тӕккӕ хуӕздӕр Разамонӕг ӕма нӕ уомӕ гӕсгӕ разӕнгард кӕнуй: «Мӕнӕй исахур уотӕ». Еци гъуддагмӕ ци цӕстӕй ракӕсдзӕнӕ, уомӕй кӕнгӕ ’й дӕ амондгун цард.
a Йесо Киристей нивонди туххӕй фулдӕр базонун дӕ бон ӕй киунугӕй «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!», 27 урок.