12 СӔР
Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ке ӕууӕндис, уой гъуддӕгтӕй ӕвдесӕ
ХУЦАУ ӕ лӕггадгӕнгути бафӕдзахста, се ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд ке цӕудзӕй. Ӕ Дзурди финст ес: «Ма бафунӕй уотӕ, уомӕн ӕма уе знаг, Сайтан, богътӕгӕнагӕ домбаййи хузӕн разелӕ-базелӕ кӕнуй ӕма агоруй, ке ранихъуӕра, уой» (1 Петури 5:8). Сайтани бон куд ӕй адӕймагӕн е ’ууӕндундзийнадӕ фехалун?
Сайтан архайуй, цӕмӕй нин нӕ хеуӕнттӕ къулумпий хуасӕ исуонцӕ ӕма Хуцауи Дзурд мабал ахур кӕнӕн. Уомӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Адӕймагӕн е знӕгтӕ уодзӕнцӕ ӕхе бийнонтӕ» (Матфеййи 10:36). Ка ’й зонуй, нӕ бийнонтӕ ӕма не ’мбӕлттӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕнунцӕ, Хуцауи Дзурди цӕхуӕн хуарздзийнӕдтӕ ес, уой. Кенӕ сӕ зӕрдӕмӕ алцидӕр цӕуй, фал адӕм ци зӕгъдзӕнцӕ, уомӕй тӕрсунцӕ. Библи зӕгъуй: «Адӕмӕй тӕрсун скъӕппӕгӕй уӕлдай нӕй, ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ка даруй, уомӕн ба тӕссаг нецӕмӕй уодзӕй» (Ӕмбесӕндтӕ 29:25). Адӕми ӕфсӕрмӕй Библи ку нӕбал ахур кӕнай, уӕд е цума Хуцауи зӕрдӕмӕ фӕццӕудзӕй? Ӕвӕдзи нӕ. Фал Хуцаубӕл ке ӕууӕндӕн, уой гъуддагӕй ку ’вдесӕн, уӕд нин е дӕр ӕнхус кӕндзӕй. «Мах ба, ка фӕттӕрсуй ӕма Хуцауи ка ниууадзуй, ӕма уотемӕй ӕхе ка исафуй, уонӕй нӕ ан, фал нӕмӕ ес ӕууӕндундзийнадӕ, цӕмӕй нӕ цард багъӕуай кӕнӕн» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:39).
Дюмаси хабар нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, дзурд ибӕл цудӕй райдайӕни. Фиццӕгти ибӕл ӕ уосӕ ходгӕ кодта, фал уой фӕсте ба е дӕр Хуцауи Дзурд ахур кӕнун райдӕдта. Уотӕ ду дӕр, раст ци ӕй, уой кӕнунбӕл ку архайай, уӕд гӕнӕн ес, ӕма уотемӕй дӕ бийнонти ӕма де ’мбӕлтти зӕрдитӕ ӕрфӕлмӕн уонцӕ. Уӕхӕн цаутӕ берӕ адтӕй, ӕма адӕймагӕн ӕ «уагӕ ӕма ӕгъдауи» фӕрци ӕ хеуӕнттӕ Хуцаумӕ се ’ргом раздахтонцӕ (1 Петури 3:1, 2).
Уомӕй уӕлдай ма Сайтан архайуй, цӕмӕй адӕм уотӕ гъуди кӕнонцӕ, ӕма син Хуцауи Дзурд ахур кӕнунмӕ рӕстӕг нӕййес. Уомӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, царди сагъӕстӕ нин нӕ зӕрди бунат ку искӕнунцӕ, уӕд, уомӕн ӕма си «дзурд нӕбал исирӕзуй... тиллӕг дӕр нӕ раттуй» (Марки 4:19). Сайтанӕн еци барӕ ма дӕттӕ, цӕмӕй дӕ уӕхӕн зундбӕл араза. Библи зӕгъуй: «Цӕмӕй адӕймаг ӕносмӕ цӕра, уой туххӕй гъӕуама базона дӕу, еунӕг ӕцӕг Хуцауи, ӕма ду ке рарвистай, еци Йесо Киристей» (Иоанни 17:3). Куд ӕй уинӕн, уотемӕй, цӕмӕй ӕносмӕ Дзенети цӕрӕн, уой туххӕй гъӕуама Хуцауи ӕма Йесо Киристей туххӕй фулдӕр базонӕн.
Расагъӕс кӕнӕн Моисеййи цардбӕл. Моисей адтӕй египеттаг паддзахи бийнонтӕй. Уӕхӕн фадуат ин адтӕй, цӕмӕй гъӕздуг, зундгонд ӕма устур бартӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн адӕймаг иссайдӕ. Фал «тӕрегъӕд рӕстӕгмӕ ци ӕхцӕуӕндзийнадӕ хӕссуй, уой цийнӕй цӕруни бӕсти равзурста Хуцауи адӕми хӕццӕ ӕфхуӕрд ӕййафун». Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма «е адтӕй федар, цӕстӕй фӕууинӕн кӕмӕн нӕййес, еци Хуцауи цума уингӕ кодта, уотӕ» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:24, 25, 27). Гъо, Моисей федарӕй ӕууӕндтӕй Хуцаубӕл. Хуцауи гъуддӕгтӕ ин ӕхе фӕндтӕй уӕлдӕр адтӕнцӕ. Ду дӕр Моисеййи хузӕн ку архайай, уӕд дин Хуцау арфӕ кӕндзӕй.
Сайтан аллихузи мадзӕлттӕй пайда кӕнуй, цӕмӕй дӕ фӕссайа. Фал си дӕ бон ӕй дӕхе багъӕуай кӕнун. Хуцауи Дзурд нӕ разӕнгард кӕнуй: «Сайтанӕн ӕ нихмӕ ислӕууетӕ, ӕма уи раледздзӕй» (Иакови 4:7). Куд ӕнгъезуй ӕ нихмӕ ислӕуун?
Идарддӕр дӕр Хуцауи Дзурд ахур кӕнӕ. Алли бон дӕр Хуцауи Дзурд кӕсӕ. Ци унаффитӕ си ес, уонӕй пайда кӕнӕ. Уой фӕрци дӕмӕ уодзӕй «Хуцау цидӕриддӕр тохӕн дзаумӕуттӕ дӕттуй», етӕ, ӕма уотемӕй дӕ бон уодзӕй Сайтани нихмӕ фӕллӕуун (Ефесӕгтӕмӕ 6:13).
Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ка ’ууӕндуй, уони хӕццӕ лимӕн кӕнӕ. Библи ка кӕсуй ӕма си ӕ царди ка пайда кӕнуй, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ агорӕ. Уӕхӕн адӕм кӕрӕдзебӕл гъуди кӕнунцӕ, цӕмӕй кӕрӕдзей разӕнгард кӕнонцӕ «уарзондзийнадӕмӕ ӕма хуарз гъуддӕгтӕмӕ» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25).
Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнӕ. Хуцауӕй ӕнхус корӕ ӕма ибӕл дӕ зӕрдӕ дарӕ. Иронх ди ма уӕд, Хуцауи алкӕддӕр ке фӕндуй, цӕмӕй дин банхус кӕна. Библи зӕгъуй: «Уӕ еугур сагъӕстӕ дӕр Хуцауи барӕ бакӕнтӕ, уомӕн ӕма е тухсуй сумахбӕл» (1 Петури 5:6, 7). «Хуцау еузӕрдон ӕй, ӕма нӕ бауадздзӕй, цӕмӕй бахауайтӕ, уӕ бон бафӕразун ке нӕ бауа, уӕхӕн фӕлварӕни, фал уин фӕлварӕни, ци бакӕнӕн ес, уой дӕр байамондзӕй, цӕмӕй ӕй исфӕразайтӕ» (1 Коринфӕгтӕмӕ 10:13).
Сайтан Хуцауи фауй, зӕгъгӕ дин адӕймаг нӕ лӕггадӕ кӕндзӕй, ести зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕла, уӕд. Фал дӕуӕн ес уӕхӕн фадуат, цӕмӕй бавдесай, Сайтан сайгӕ ке кодта. Хуцау зӕгъуй: «Зундгин уо, мӕ бӕдолӕ, ӕма мин мӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕ, цӕмӕй мӕ бон уа, фаугӕ мӕ ка кӕнуй, уомӕн дзуапп дӕттун» (Ӕмбесӕндтӕ 27:11). Цӕттӕ уо, Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ке ӕууӕндис, уой бавдесунмӕ!