11 СӔР
Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ка ӕууӕндуй, уони куд ес базонӕн?
АБОНИ Хуцаубӕл беретӕ ӕууӕндунцӕ, фал Йесо куд дзурдта, уомӕ гӕсгӕ ӕцӕг ӕууӕндундзийнадӕ беретӕмӕ нӕ уодзӕй. Е загъта: «Исӕфтмӕ ка кӕнуй, еци над ӕй фӕтӕн ӕма уӕрӕх, ӕма ибӕл беретӕ цӕунцӕ. Цардмӕ ка кӕнуй, еци над ба унгӕг ӕй, ӕма дуар дӕр нарӕг ӕй, ӕма еци над беретӕ не ’ссерунцӕ» (Матфеййи 7:13, 14).
Мадта Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ка ӕууӕндуй, уони куд ес базонӕн? Йесо загъта: «Сӕ гъуддӕгтӕй сӕ базондзиайтӕ. [...] Алли хуарз бӕласӕбӕл дӕр ӕрзайуй хуарз рӕзӕ, лӕгъуз бӕласӕбӕл ба – лӕгъуз рӕзӕ» (Матфеййи 7:16, 17). Мадта еци адӕм «хуарз рӕзӕй» бӕрӕг ӕнцӕ. Се ’ууӕндундзийнадӕ сӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй Хуцауи зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн менеугутӕ сӕ уодигъӕди федар кӕнонцӕ. Цума уомӕ ци хауй?
Сӕ бартӕй раст пайда кӕнунцӕ
Хуцаубӕл ка ӕууӕндуй, еци адӕймаг ӕ хъаурӕй дӕр ӕма ӕ бартӕй дӕр уотӕ пайда кӕндзӕй, цӕмӕй Хуцауи номӕн дӕр кадӕ хӕсса ӕма адӕмӕн дӕр ӕнхус кӕна. Йесо загъта: «Ке уи фӕндуй, цӕмӕй кадгин уа, е уин гъӕуама уа лӕггадгӕнӕг» (Марки 10:43). Уӕхӕн нӕлгоймаг нӕдӕр ӕ бийнонти ӕфхуӕрдзӕй, нӕдӕр иннети. Е ӕ бийнойнаги сагъӕс кӕндзӕй ӕма ин аргъ кӕндзӕй. Библи зӕгъуй: «Сумах ба, лӕгтӕ, алкӕддӕр уарзетӕ уӕ уостити ӕма сӕмӕ карз ма уотӕ» (Колоссӕгтӕмӕ 3:19). «Лӕгтӕ, уӕ уостити хӕццӕ цӕретӕ, лӕдӕретӕ сӕ, уотемӕй. Силгоймаг лӕмӕгъдӕр ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ син кадӕ кӕнтӕ, уомӕн ӕма сумах дӕр уони хӕццӕ райсдзиайтӕ Хуцауи устур хуарзӕнхӕ – цард. Кенӕ уин Хуцау уӕ кувдтитӕ нӕ игъосдзӕй» (1 Петури 3:7).
Хуцаубӕл ӕууӕндӕг силгоймаг дӕр «гъӕуама ӕ лӕги нимайа» (Ефесӕгтӕмӕ 5:33). Силгоймӕгтӕ гъӕуама «сӕ лӕгти, удта сӕ сувӕллӕнтти уарзонцӕ» (Титмӕ 2:4). Ниййергутӕ дӕр гъӕуама сӕ сувӕллӕнттӕн рӕстӕг еронцӕ ӕма сӕ Хуцауи закъӕнттӕбӕл ӕма уагӕвӕрдтӕбӕл ахур кӕнонцӕ. Кӕмифӕнди ма уонцӕ, хӕдзари, кусти ӕви ӕндӕр ескӕми, алкӕмидӕр адӕмӕн кадӕ кӕндзӕнцӕ. Библий ци унаффӕ ес, «кӕрӕдземӕн кадӕ кӕнунмӕ еу инней разӕй фӕууӕд», зӕгъгӕ, уомӕ гӕсгӕ архайунцӕ алли уавӕри дӕр (Ромӕгтӕмӕ 12:10).
Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ игъосунцӕ фӕдзӕхстмӕ: «Гӕртӕнттӕ ма есӕ» (Рацуд 23:8). Етӕ сӕ бартӕй сӕхецӕн куд хуӕздӕр уа, уотӕ некӕд фӕппайда кӕнуцӕ, фал алкӕддӕр иннетӕн ӕнхус кӕнунцӕ, уӕлдайдӕр ба тухст уавӕри ка ӕй, уонӕн. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ пайда кӕнунцӕ унаффӕй: «Ма иронх кӕнтӕ хуарздзийнадӕ кӕнун ӕма уӕмӕ ци ес, уомӕй иннетӕн хай кӕнун, уомӕн ӕма уӕхӕн нивӕндтӕ Хуцауӕн ӕхцӕуӕн ӕнцӕ» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:16). Аци унаффӕмӕ гӕсгӕ цӕргӕй етӕ сӕхебӕл балӕдӕрдтӕнцӕ Йесой дзурдтӕ: «Райсунӕй раттун амондгундӕр гъуддаг ӕй» (Гъуддӕгтӕ 20:35).
Хуцауи рӕстдзийнади фарс лӕуунцӕ
Хуцаубӕл ӕууӕндӕг адӕм ин ӕ закъӕнттӕ зӕрдиагӕй ӕнхӕст кӕнунцӕ ӕма син «ӕ фӕдзӕхститӕ ба зинӕнхӕстгӕнӕн нӕ ’нцӕ» (1 Иоанни 5:3). Зонунцӕ ’й, «Йегови закъон... ӕнаййепп» ке ӕй, ӕма арази кӕнунцӕ псаломзаргӕнӕги дзурдти хӕццӕ: «Йегови уагӕвӕрдтӕ ӕнцӕ раст – зӕрдӕ цийнӕй идзаг кӕнунцӕ. Йегови фӕдзӕхст ӕй ирд – цӕститӕн дӕттуй рохс» (Псалом 19:7, 8).
Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ка ӕууӕндуй, еци адӕм иннетӕмӕ сӕрӕй-бунмӕ некӕд фӕккӕсунцӕ. Еу адӕмихатт кенӕ бӕстӕ иннемӕй уӕлдӕр некӕд кӕнунцӕ, фал еци гъуддаги Хуцауи фӕнзунцӕ. Библи зӕгъуй: «Хуцау... неке гъолон кӕнуй, фал алли адӕмихаттӕй ӕ зӕрдӕмӕ цӕуй, ка си тӕрсуй ӕма рӕстӕй ка цӕруй, уӕхӕн адӕймаг» (Гъуддӕгтӕ 10:34, 35).
Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ка ӕууӕндуй, еци адӕймаг алли гъуддаги дӕр «ӕнӕзӕрдихудтӕй архайуй» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:18). Уӕхӕн адӕймаг иннети фудкой некӕд кӕндзӕй. Хуцау арази кӕмӕй фӕууй, уӕхӕн адӕймаги туххӕй псаломзаргӕнӕг Давид ниффинста: «Е е ’взагӕй нӕ кӕнуй фудкой, иннемӕн лӕгъуздзийнадӕ нӕ кӕнуй ӕма е ’мбалӕй ӕфхуӕрӕн дзурдтӕ нӕ кӕнуй» (Псалом 15:3).
Хуцауи зундӕй архайунцӕ
Хуцаубӕл ӕцӕгӕйдӕр ка ӕууӕндуй, еци адӕм ӕууӕндунцӕ, ӕрмӕстдӕр Библибӕл ка ӕнцойнӕ кӕнуй, еци ахурӕдтӕбӕл. Етӕ ӕууӕндунцӕ, «Финстадӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр Хуцауи разамундӕй финст [ке] ӕй ӕма пайда ӕй адӕймаги ахур кӕнунмӕ, уайдзӕф кӕнунмӕ, гъуддӕгтӕ раст кӕнунмӕ, раст зундбӕл аразунмӕ» (2 Тимофеймӕ 3:16). Иннетӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дарунцӕ, уомӕй бӕрӕг ӕй «уӕллӕй ӕрцӕугӕ зунд» сӕмӕ ке ес. Еци зунд ӕй «кӕдзос, удта фарнӕуарзагӕ, лӕдӕргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕйдӕр ӕй фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма алли хуарз гъуддагӕй хайгин» (Иакови 3:17). Хуцаубӕл ӕууӕндӕг адӕм сӕхе еуварс дарунцӕ, ӕ зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, еци ӕгъдӕуттӕй, хинтти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй ӕма «мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковунӕй» (1 Иоанни 5:21).
Сӕ уарзондзийнадӕ бӕрӕг ӕй сӕ гъуддӕгтӕй
Пахампар Моисей загъта: «Дӕ Хуцау Йегови уарзӕ ӕгас зӕрдӕй, ӕгас уодӕй ӕма ӕгас хъауритӕй» (Дуккаг закъон 6:5). Хуцаубӕл ӕууӕндӕг адӕм Хуцауи уарзунцӕ, ӕ номӕн ин кадӕ кӕнунцӕ ӕма имӕ ӕ номӕй ковунцӕ (Псалом 105:1). Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ ма ӕнхӕст кӕнунцӕ еу ӕхсидзгӕ фӕдзӕхст: «Иннети уарзӕ, дӕхе куд уарзис, уотӕ» (Левит 19:18). Уомӕ гӕсгӕ ба фудгъуддӕгтӕй сӕхе еуварс дарунцӕ ӕма «алке хӕццӕ дӕр лимӕнӕй» цӕрунцӕ (Ромӕгтӕмӕ 12:18). Зӕгъӕн ес, ӕма Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ сӕ хъӕматӕй искодтонцӕ «готони кӕрдтӕ», сӕ ӕрцитӕй ба «ӕхсӕдӕн кӕрдӕнтӕ» (Исай 2:4). Уой фӕрци сӕ астӕу ес уарзондзийнадӕ ӕма ӕгас дуйнебӕл дӕр кӕрӕдзей хӕццӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цард кӕнунцӕ (Иоанни 13:35). Зонис уӕхӕн адӕми?