5 СӔР
Хуцауи дессаги менеугутӕн аргъ кӕнтӕ
БИБЛИЙ финст ес Хуцауи аллихузи менеугути туххӕй, ӕма уой фӕрци нӕ бон ӕй Хуцауи хуӕздӕр базонун. Ес ин цуппар сӕйраг менеуӕги – хъаурӕ, рӕстдзийнадӕ, зунд ӕма уарзондзийнадӕ. Алкӕмӕ дӕр си лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн.
Ӕнӕкӕрон хъаури хецау
Йеговӕ Авраамӕн загъта: «Ӕз дӕн Алцигъон Хуцау» (Райдайӕн 17:1). Хуцауи хъаурӕ ӕнӕкӕрон ӕй ӕма ’й рабарӕн нецӕй хӕццӕ ес. Еци хъаури фӕрци Хуцау сфӕлдиста ӕнӕгъӕнӕ Дун-дуйне.
Хуцау ӕ хъаурӕй лӕгъузӕрдӕмӕ некӕд фӕппайда кӕнуй, фал ӕрмӕстдӕр цидӕр ӕхсидзгӕ гъуддаги фӕдбӕл. Кӕд уӕхӕн устур хъаури хецау ӕй, уӕддӕр иннӕ ӕртӕ менеуӕги ӕнхӕстӕй ӕвдесуй.
Йеговӕ ӕ хъаурӕй фӕппайда кӕнуй, цӕмӕй ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн банхус кӕна. Библи зӕгъуй: «Йегови цӕститӕ кӕсунцӕ ӕнӕгъӕнӕ зӕнхӕмӕ дӕр, цӕмӕй, ӕ зӕрдӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр ӕ хӕццӕ кӕмӕн ӕй, уони туххӕй ӕ хъаурӕ бавдеса» (2 Анзфинстити 16:9). Дӕу ба нӕ фӕндуй, уӕхӕн устур хъаурӕ кӕмӕ ес ӕма уӕхӕн фӕлмӕнзӕрдӕ ка ӕй, еци Хуцаумӕ бахӕстӕг ун?
Рӕстдзийнади Хуцау
«Йеговӕ уарзуй рӕстдзийнадӕ» (Псалом 37:28). Хуцау ӕ раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ке фӕййархайуй, уомӕ гӕсгӕ алкӕддӕр раст унаффитӕ фӕххӕссуй.
Хуцау хӕран гъуддӕгтӕй е ’сӕфт уинуй. Е «гъолон неке кӕнуй ӕма гӕртан нӕ есуй» (Дуккаг закъон 10:17). Иннети ка ’фхуӕруй, уонӕй е ’сӕфт уинуй, удта сӕрбӕлдзорӕг кӕмӕн нӕййес, уони гъӕуай кӕнуй, зӕгъӕн «идӕдзӕ уоси ӕма седзӕри» (Рацуд 22:22). Хуцау алкӕмӕ дӕр ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсуй. «Хуцау... неке гъолон кӕнуй, фал алли адӕмихаттӕй ӕ зӕрдӕмӕ цӕуй, ка си тӕрсуй ӕма рӕстӕй ка цӕруй, уӕхӕн адӕймаг» (Гъуддӕгтӕ 10:34, 35).
Йеговӕ алкӕддӕр фӕййархайуй рӕстӕй, ӕгӕр фӕлмӕн дӕр некӕд фӕууй ӕма ӕгӕр карз дӕр. Ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ка нӕ фӕсмон кӕнуй, уони бафхуӕруй, фал ӕ рӕдудбӕл ка басӕттуй, уонӕмӕ ба фӕууй фӕлмӕнзӕрдӕ. «Йеговӕ ӕй фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ, Е мӕстгун кӕнунмӕ тагъд нӕ кӕнуй ӕма ӕнӕкӕрон ӕй е ’новуд уарзт. Нӕ рӕдудтитӕ нин алкӕд нӕ цӕстӕмӕ нӕ дардзӕй, ӕносмӕ нӕмӕ нӕ мӕстгун кӕндзӕй. Нӕ тӕрегъӕдтӕмӕ гӕсгӕ нин ци гъӕуй, уой нин нӕ бакӕнуй, ӕма нин нӕ рӕдудтитӕмӕ гӕсгӕ ци ’мбӕлуй, уой нин нӕ бафедуй» (Псалом 103:8–10). Уомӕй уӕлдай ма Хуцау нӕ феронх кӕнуй, ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути хуарз гъуддӕгтӕ ӕма син арфӕ кӕнуй. Йеговӕ рӕстдзийнади Хуцау ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ибӕл гъӕуама нӕ зӕрдӕ дарӕн.
Хуцауи зунд
Йеговӕ хъӕбӕр устур зунди хецау ӕй. Ӕ киунуги финст ес: «О, куд ӕнӕкӕрон ӕнцӕ Хуцауи хуарздзийнӕдтӕ, ӕ зунд ӕма ӕ зонундзийнӕдтӕ!» (Ромӕгтӕмӕ 11:33). Йегови зунд ӕнӕкӕрон ӕй ӕма ’й нецӕй хӕццӕ ес рабарӕн.
Хуцауи зунд ма бӕрӕг ӕй е сфӕлдистадӕй. Псаломзаргӕнӕг ниффинста: «Куд берӕ ’нцӕ дӕ гъуддӕгтӕ, о Йеговӕ! Еугурӕйдӕр сӕ ’скодтай дӕ устур зундӕй. Зӕнхӕ нӕ зиннуй де ’сконд гъуддӕгтӕй» (Псалом 104:24).
Хуцау ци зунди хецау ӕй, уой туххӕй ма паддзах Давид дӕр финста: «Йегови амундтӕбӕл ес ӕууӕндӕн – зундгин кӕнунцӕ ӕвӕлтӕрди» (Псалом 19:7). Расагъӕс кӕнӕ, дӕ бон ӕй хӕстӕг кӕнун, ӕнӕкӕрон зунди хецау ка ӕй, еци Хуцаумӕ. Еци фадуатӕй испайда кӕндзӕнӕ?
«Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ»
Йеговӕн ӕ сӕйраг менеуӕг ӕй уарзондзийнадӕ. Библи зӕгъуй: «Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ» (1 Иоанни 4:8). Еци менеуӕг Хуцауӕн ӕ алли гъуддагӕй дӕр бӕрӕг ӕй.
Хуцау нӕмӕ ӕ уарзондзийнадӕ аллихузи гъуддӕгтӕй ӕвдесуй. Дӕттуй нин аллихузи хуарздзийнӕдтӕ. Зӕгъӕн, «лӕвардта... уарунтӕ ӕма Гъуддӕгтӕ 14:17). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, «хуарзӕй цидӕриддӕр ес, е дӕр ӕма алли ӕнӕфау лӕвар дӕр ӕй уӕллӕй, уомӕн ӕма цӕуй, уӕларвон рохсгӕнӕнтӕ ка ’скодта... еци Фидӕй» (Иакови 1:17). Еци лӕвӕрдтӕй сӕ еу ӕй ӕ Дзурд – Библи. Библий фӕрци нин Хуцау ӕхе зонун кӕнуй, удта нин амонуй, ӕ уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг ка ӕй, еци закъӕнттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕ. Киристе ӕ кувди загъта: «Дӕ дзурд ӕй рӕстдзийнадӕ» (Иоанни 17:17).
бӕркадгун ӕнзтӕ... парахаттӕй хуӕруйнаг ӕма... зӕрдитӕ цийнӕй ӕфсаста» (Уомӕй уӕлдай ма нин Хуцау банхус кӕнуй нӕ зиндзийнӕдти дӕр. «Дӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕ, ӕма дин е банхус кӕндзӕй. Некӕд бауадздзӕй рӕстгӕнӕги фӕккеун» (Псалом 55:22). Нӕ тӕрегъӕдтӕ нин хатир кӕнуй. «О Йеговӕ, ду дӕ хӕларзӕрдӕ, ду дӕ цӕттӕ хатир кӕнунмӕ, ка дӕмӕ седуй, уони се ’гасей дӕр рӕдауӕй тавис де ’новуд уарзтӕй» (Псалом 86:5). Сауӕнгӕ ма нин ӕносон цардӕй дӕр зӕрдӕ ӕвӕруй. «Ниссӕрфдзӕй [син] сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист. Раздӕр ци адтӕй, е фӕййевгъудӕй» (Раргомадӕ 21:4). Хуцауи уарзондзийнадӕн ке аргъ кӕнис, уой куд бавдесдзӕнӕ? Ду дӕр ӕй бауарздзӕнӕ?
Хуцаумӕ хӕстӕг кӕнӕ
Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй ӕй хуӕздӕр базонай. Ӕ Дзурд нӕ разӕнгард кӕнуй: «Бахӕстӕг уотӕ Хуцаумӕ, ӕма уӕмӕ е дӕр ӕрбахӕстӕг уодзӕй» (Иакови 4:8). Хуцау ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнӕг Авраами исхудта е ’мбал (Исай 41:8). Йегови фӕндуй, цӕмӕй ду дӕр е ’мбал исуай.
Хуцауи туххӕй куд фулдӕр зонӕн, уотӕ имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан ӕма уотемӕй нӕ цард амондгундӕр уодзӕй. «Амондгун ӕй еци адӕймаг», Йегови закъон цийнӕдзийнадӕ кӕмӕн хӕссуй ӕма ин ӕ закъон «сабур гъӕлӕсӕй» ӕхсӕвӕй-бонӕй ка кӕсуй (Псалом 1:1, 2). Мадта Хуцауи Дзурд идарддӕр дӕр ахур кӕнӕ. Ӕ менеугутӕбӕл ӕма ин ӕ гъуддӕгтӕбӕл сагъӕс кӕнӕ. Ке ӕй уарзис, уой дӕ гъуддӕгтӕй ӕвдесӕ, ӕма ци базудтай, уомӕ гӕсгӕ дӕ цард аразӕ. «Уомӕн ӕма, Хуцауи ке уарзӕн, е бӕрӕг уодзӕй, ӕ фӕдзӕхститӕ ин ку ӕнхӕст кӕнӕн, уӕд. Ӕма ӕ фӕдзӕхститӕ ба зинӕнхӕстгӕнӕн нӕ ’нцӕ» (1 Иоанни 5:3). Ковӕ, псаломзаргӕнӕг куд кувта, уотӕ: «Байамонӕ мин дӕ нӕдтӕ, о Йеговӕ, исахур мӕ кӕнӕ дӕ къахнӕдтӕбӕл цӕун» (Псалом 25:4, 5). Ӕма ’й уӕд балӕдӕрдзӕнӕ, Хуцау «махӕй алкӕмӕ дӕр хӕстӕг» ке ӕй (Гъуддӕгтӕ 17:27).