1 СӔР
Цума нӕбӕл Хуцау тухсуй?
АБОНИ дуйней берӕ зиндзийнӕдтӕ ес. Ӕрдзон бӕллӕхтӕ, незтӕ, тугъдтитӕ, мӕгурдзийнадӕ, коррупци ӕма ма ӕндӕр уӕхӕн гъуддӕгти туххӕй милиуангай адӕм гъезӕмарӕ кӕнунцӕ. Ду дӕр, ӕвӕдзи, цидӕр зиндзийнӕдтӕ ӕвзарис. Цума нин аци зин уавӕрти ка банхус кӕндзӕй?
Нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун, Хуцау нӕбӕл ке тухсуй. Ӕ киунуги финст ес: «Уомӕн гӕнӕн ес, ӕма мадӕ ӕ дзедзедай сувӕллони феронх кӕна, ӕ губуни ке фӕххаста, уомӕн ма батӕрегъӕд кӕна? Е ӕй, гӕнӕн ес, ӕма феронх кӕна, фал дӕ ӕз нӕ феронх кӕндзӕн» a.
Аци дзурдтӕ нин уодӕнцойни хуасӕ нӕ ’нцӕ? Хуцауи уарзт, мадӕ ӕ бӕдоли куд фӕууарзуй, уомӕй дӕр берӕ устурдӕр ӕй. Е нӕ некӕд ниууадздзӕй! Уомӕй уӕлдай ма нин абони дӕр ӕнхус кӕнуй. Куд? Лӕдӕрун нин кӕнуй, ӕцӕгӕй ибӕл ку ӕууӕндӕн, уӕд амондгун ке уодзиан.
Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ку ’ууӕндай, уӕд уодзӕнӕ ӕцӕг амондгун ӕма дӕхе берӕ зиндзийнӕдтӕй бахездзӕнӕ, кӕбӕл исӕмбалдтӕ, уони сӕрти ба ӕнцонтӕй рахездзӕнӕ. Уомӕй уӕлдай ма Хуцаумӕ бахӕстӕг уодзӕнӕ ӕма дӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ. Хуцаубӕл ка ӕууӕндуй, уонӕмӕ дессаги федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй – ӕносон цард Дзенети!
Фал адӕймаг Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ке ӕууӕндуй, е цӕмӕй бӕрӕг фӕууй? Удта нӕ бон куд ӕй уӕхӕн ӕууӕндундзийнадӕ нӕ уодигъӕди федар кӕнун?
a Библий бакӕсӕ Исай 49:15.