Заретӕ Йеговӕн. Нӕуӕг зартӕ
Йегови кадӕн нӕуӕг зартӕ фӕззиндтӕй. Рафинсӕ музыкӕ ӕма дзурдтӕ ӕма аци рӕсугъд зартӕ исахур кӕнӕ.
136 ЗАР
Хуцауи Паддзахадӕ исфедар ӕй – ӕрцӕуӕд зӕнхӕмӕ дӕр!
Аци рӕсугъд зар кадгин кӕнуй Йеговӕ Хуцауи, уомӕн ӕма ӕ Паддзахадӕ исфедар ӕй ӕма си Паддзах ӕй Йесо Киристе.
137 ЗАР
Банхус нин кӕнӕ, цӕмӕй нифсгунӕй дзорӕн
Аци зар еумӕ Йеговӕ Хуцауи номбӕл разарӕн, цӕмӕй нин ӕнхус кӕна, ӕма ин ӕ ном нифсгунӕй игъосун кӕнӕн.
138 ЗАР
Йеговӕ ӕй дӕ ном
Кадгин кӕнӕ Йегови рохс ном. Ӕгас адӕм дӕр ӕй базонӕнтӕ, Еунӕг Устур Хуцау ке ӕй.
139 ЗАР
Ӕнхус син кӕнӕ, цӕмӕй федар лӕууонцӕ
Йеговӕй ӕнхус корӕ цӕмӕй дин банхус кӕна царди надбӕл идарддӕр уайун.
140 ЗАР
Пионери цард
Заретӕ, Йегови куд еузӕрдон уарзтӕй уарзетӕ, куд цийнӕгӕнгӕй ин лӕггадӕ кӕнтӕ ӕма уӕ цардӕй уӕ зӕрдӕ куд рохс кӕнуй, уой туххӕй.
141 ЗАР
Агорӕн фарнӕуарзагӕ адӕни
Аци игъӕлдзӕг зар ӕй, адӕни ке уарзӕн ӕма Хуцауи хъазар фусти зӕрдиагӕй ке агорӕн, уой туххӕй.
142 ЗАР
Игъосун кӕнӕн аллихузи адӕнӕн
Аци зар ӕй, Йеговӕ хуӕрз Хуцау ке ӕй ӕма ’й ке фӕндуй, цӕмӕй аллихузи адӕн е ’мбӕлттӕ исуонцӕ, уой туххӕй.
144 ЗАР
Уой фӕрци уодзӕй уонӕн цард
Цалинмӕ ма рӕстӕг ес, уӕдмӕ нӕ гъӕуй Хуцауи хабар игъосун кӕнун.
145 ЗАР
Цӕттӕ уӕн игъосун кӕнунмӕ
Хӕдзари байзайун ӕнцондӕр ӕй, фал мах нӕ хъауритӕ ӕрӕмбурд кӕндзиан, цӕмӕй ӕнтӕстгун уӕн.
146 ЗАР
Уой кодтай мӕнӕн
Йесо, ӕ исӕрст ӕнсувӕртӕн конд ка ӕрцудӕй, еци хуарздзийнадӕ нимайуй, цума уомӕн конд ӕрцудӕй, уобӕл.
147 ЗАР
Хуцауӕн уӕлдай хъазар адӕн
Йеговӕн ӕ фурттӕ, гъома ӕ сугъдӕг хъаурӕй исӕрст киристӕнттӕ, хъӕбӕр хъазар ӕнцӕ. Етӕ ин ӕ фӕндон зӕрдиагӕй ӕнхӕст кӕнунцӕ.
148 ЗАР
Дӕ еунӕг Фурти равардтай
Йеговӕн арфӕ кӕнӕн, ци устур лӕвар нин искодта, уой туххӕй. Еци лӕвари фӕрци алкӕмӕндӕр фӕззиндтӕй нифс.
149 ЗАР
Киристей нивондӕн аргъ кӕнӕн
Нӕ бон ӕй Йеговӕн ӕносмӕ арфӕ кӕнун, уӕхӕн уарзондзийнадӕ нӕмӕ ке бавдиста ӕма ӕ Фурти мах туххӕй нивондӕн ке ӕрхаста, уой туххӕй.
152 ЗАР
Нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт
Аци царди сагъӕсти туххӕй нӕ зӕрди тас ку бацӕуй, уӕд Хуцау исуй нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт.