Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

136 зар

Хуцауи Паддзахадӕ исфедар ӕй – ӕрцӕуӕд зӕнхӕмӕ дӕр!

Хуцауи Паддзахадӕ исфедар ӕй – ӕрцӕуӕд зӕнхӕмӕ дӕр!

(Раргомадӕ 11:15; 12:10)

  1. Йеговӕ, ӕносон Хуцау!

    Ду адтӕ алкӕддӕр.

    Дӕ кадгин фурт Паддзах иссӕй,

    Е ’сӕвӕрӕг ду дӕ.

    Дӕ Паддзахадӕ ’й ӕрвтӕбӕл,

    Ӕ барӕ уодзӕй зӕнхӕ дӕр.

    БАЗАРД

    Нур ралӕудтӕй рӕстӕг,

    Нӕуӕг дуйней цард ӕй хӕстӕг.

    Нур ковӕн мах дӕумӕ:

    «Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахадӕ».

  2. Фицуй не знаг Сайтан мӕстӕй –

    Ӕ бонтӕ ’нцӕ нимад.

    Кӕд абони махӕн зин ӕй,

    Уинӕн ӕносон цард.

    Йесо Паддзах ӕй ӕрвтӕбӕл,

    Ӕ барӕ уодзӕй зӕнхӕ дӕр.

    БАЗАРД

    Нур ралӕудтӕй рӕстӕг,

    Нӕуӕг дуйней цард ӕй хӕстӕг.

    Нур ковӕн мах дӕумӕ:

    «Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахадӕ».

  3. Хуцауи изӕдтӕ гъӕрӕй

    Кӕнунцӕ цийни зар.

    Сайтан бунмӕ гӕлст ӕрцудӕй,

    Исолӕфтӕй уӕларв.

    Йесо Паддзах ӕй ӕрвтӕбӕл,

    Ӕ барӕ уодзӕй зӕнхӕ дӕр.

    БАЗАРД

    Нур ралӕудтӕй рӕстӕг,

    Нӕуӕг дуйней цард ӕй хӕстӕг.

    Нур ковӕн мах дӕумӕ:

    «Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахадӕ».