149 зар
Киристей нивондӕн аргъ кӕнӕн
-
Дӕ размӕ мах лӕууӕн,
нӕ кадгин ’стур Хуцау.
Ду нин равдистай дӕ уарзт
фӕлмӕнзӕрдӕ фидау.
Нӕ бавгъау кодтай мах туххӕй
дӕ Фурти цард.
Уой фӕрци махӕн ес
фӕййервӕзуни фадат.
БАЗАРД
Ӕ цард равардта е, цӕмӕй
ӕносмӕ мах цӕрӕн фӕрнӕй.
Еци лӕварӕн
алкӕддӕр ’стур аргъ мах кӕндзинан!
-
Нӕ бавгъау кодта Йесо
раттун е ’нхӕст цард.
Цӕттӕ адтӕй
мӕлӕтӕй исуӕгъдӕ кӕнун мах.
Фал ӕнӕ уомӕй
махӕн н’ адтайдӕ федӕн.
Нур ба ӕносон цардмӕ
мах ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн!
БАЗАРД
Ӕ цард равардта е, цӕмӕй
ӕносмӕ мах цӕрӕн фӕрнӕй.
Еци лӕварӕн
алкӕддӕр ’стур аргъ мах кӕндзинан!
(Кӕсӕ ма Дзиуит. 9:13, 14; 1 Пет. 1:18, 19.)