152 зар
Нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт
-
Нифс нин балӕвар кодта Хуцау,
ма уомӕн аргъ нӕййес.
Нифсмӕ адӕн ӕнцӕ ’нгъӕлдзау,
фегъосӕд ӕй дуйне.
Фалӕ аци царди сагъӕстӕй
ку исфӕлмӕцуй нӕ уод,
Ма уӕд раздӕрау нӕ зӕрдӕй
нӕбал фӕккӕлуй рохс.
БАЗАРД
Ду, Йеговӕ, нӕ нифс дӕ
ӕностӕмӕ,
Нӕ хъаурӕ ма не ’нхуси уарт.
Дӕ гъуддаги нин раттӕ нифс,
корӕн дӕ,
цӕмӕй дин дӕ ном рохс кӕнӕн.
-
О Йеговӕ, банхус нин кӕнӕ,
куд ма иронх кӕнӕн:
Не ’нхус алкӕддӕр ду адтӕ,
зин рӕстӕгути дӕр.
Уой нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн мах –
нӕ нифс федар кӕндзӕнӕй.
Ма уӕд алкӕмӕндӕр дзордзиан,
Йеговӕ, дӕу туххӕй!
БАЗАРД
Ду, Йеговӕ, нӕ нифс дӕ
ӕностӕмӕ,
Нӕ хъаурӕ ма не ’нхуси уарт.
Дӕ гъуддаги нин раттӕ нифс,
корӕн дӕ,
цӕмӕй дин дӕ ном рохс кӕнӕн.
(Кӕсӕ ма Пс. 72:13, 14; Ӕмб. 3:5, 6, 26; Йер. 17:7.)