4 ЗАР
«Йеговӕ мӕ Фиййау ӕй»
-
1. Мӕнӕн Хуцау мӕ Фиййау ӕй,
Ӕ раст надбӕл мӕ кӕнуй.
Фӕззонуй, цардӕн ци гъӕуй мӕн,
Цӕмӕ бӕллун, уой уинуй.
Бӕркадгун хезнӕмӕ хонуй,
Ӕй уоми ӕдас мӕнӕн.
Фӕррӕвдауй ӕ фӕлмӕн уарзтӕй мӕн,
Мӕ уодӕн ӕнцойнӕ ӕй.
Рӕвдауй ӕ фӕлмӕн уарзтӕй мӕн,
Мӕ уодӕн ӕнцойнӕ ӕй.
-
2. Дӕ раст нӕдтӕ дин ӕз уарзун,
Рӕуӕг цуд сӕбӕл кӕнун.
Дӕ номи кадӕн мин раттӕ нифс.
Дӕ рази рӕстӕй цӕрун.
Ку уон ӕз талингӕ коми,
Мӕ фарсмӕ уӕд уодзӕнӕ.
Ма ӕз некӕд тӕрсдзӕнӕн нецӕмӕй –
Мӕ хуӕздӕр ӕмбал ду дӕ.
Ӕз некӕд тӕрсдзӕнӕн нецӕмӕй –
Мӕ хуӕздӕр ӕмбал ду дӕ.
-
3. Ду дӕ, Йеговӕ, мӕ Фиййау,
Дӕ фӕдбӕл ӕз цӕудзӕнӕн.
Рӕдауӕй мин дӕттис алцидӕр,
Кӕнис мин федар мӕ нифс.
Дӕубӕл ӕз дарун мӕ зӕрдӕ,
Дӕумӕ ковун алли бон.
Ӕз бӕллун, цӕмӕй де ’стур хуарзӕнхӕй
Цӕрӕнбонти хайгин уон.
Бӕллун, цӕмӕй де ’стур хуарзӕнхӕй
Цӕрӕнбонти хайгин уон.