НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Киристе де ’нсувӕри туххӕй дӕр рамардӕй
Киристе ӕ цард нивондӕн равардта ӕнӕнхӕст адӕни туххӕй (Ро 5:8). Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, алкедӕр ни ке аргъ кӕнуй, Киристе ӕ цард мах туххӕй ке равардта ӕма уотемӕй ӕ уарзондзийнадӕ ке бавдиста, уомӕн. Фал нин рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕгъгъӕуй нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун, Киристе айдагъ мах туххӕй нӕ, фал не ’нсувӕрти туххӕй дӕр ке рамардӕй, уой. Куд ӕй нӕ бон, нӕхе хузӕн ӕнӕнхӕст ка ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти Киристей хузӕн уарзун? Ӕркӕсӕн ӕртӕ гъуддагемӕ. Фиццаг, нӕ бон ӕй фулдӕр ӕмбӕлттӕ искӕнун, зӕгъӕн, ӕндӕр адӕнихаттӕй ка ӕй, уонӕй (Ро 15:7; 2Кр 6:12, 13). Дуккаг, адӕймаги зӕрдӕ ка фӕхходун кӕна, уӕхӕн дзурдтӕ ӕма гъуддӕгтӕ гъӕуама ма кӕнӕн (Ро 14:13–15). Ӕма ӕртиккаг, еске нин нӕ зӕрдӕ ку фӕхходун кӕна, уӕд гъӕуама цӕттӕ уӕн еци фӕдбӕл ниххатир кӕнунмӕ (Лк 17:3, 4; 23:34). Не ’гас хъауритӕй ку архайӕн, цӕмӕй Киристей фӕнзӕн, уӕд Йеговӕ ӕгас ӕмбурдӕн дӕр арфӕ кӕндзӕй ӕма си уодзӕй фарнӕ ӕма еудзийнадӕ.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДӔ УДЫХЪӔДЫ РӔЗЫН КӔН РӔСУГЪД МИНИУДЖЫТӔ!» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Мики е ’мбурдмӕ фиццӕгти ци цӕстӕй кастӕй?
-
Рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд ӕмбурдмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун цӕмӕн райдӕдта?
-
Микийӕн Киристей цӕветтон ӕ зундахаст бараст кӕнунмӕ куд банхус кодта? (Мк 14:38)
-
Ӕмбесӕндтӕ 19:11 стих нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ раст цӕстӕй кӕсӕн?