Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Дӕ рӕстӕг ӕрветӕ, Йегови ка уарзуй, уони хӕццӕ

Дӕ рӕстӕг ӕрветӕ, Йегови ка уарзуй, уони хӕццӕ

Цӕмӕн? Уомӕн ӕма, нӕ рӕстӕг ке хӕццӕ ферветӕн, етӕ нӕбӕл кенӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ фӕббӕрӕг унцӕ кенӕ ба – лӕгъузӕрдӕмӕ (Ӕм 13:20). Цӕветтонӕн райсӕн паддзах Иоаси. Цалинмӕ ӕ рӕстӕг хестӕр саугин Иодаййи хӕццӕ ӕрвиста, уӕдмӕ, «Йегови цӕсти раст ци адтӕй», уой кодта (2Анз 24:2). Фал Иодай ку рамардӕй, уӕдта Иоас, лӕгъуз адӕни астӕу ке бафтудӕй, уой туххӕй Йеговӕй ӕхе рахадта (2Анз 24:17–19).

Нӕ эри фиццаг ӕноси апостол Павел киристон ӕмбурд рабарста устур хӕдзари хӕццӕ, ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ба – аллихузи дзаумӕутти хӕццӕ. «Кадгин гъуддагӕн ка багъӕуй», уӕхӕн дзаумӕуттӕ уодзиан, Йегови зӕрдӕ рохс кӕнунбӕл ка нӕ архайуй, уонӕбӕл нӕхе ку нӕ бӕттӕн, уӕд, фӕнди нӕ бийнонтӕй еске уа, фӕнди ба – ӕмбурдӕй (2Тм 2:20, 21). Уомӕ гӕсгӕ архайдзиан, цӕмӕй нӕхецӕн ӕмбӕлттӕ агорӕн, Йегови ка уарзуй ӕма нӕ фулдӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ ка разӕнгард кӕнуй, уони астӕу.

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДӔХИ ӔВЗӔР ӔМБӔЛТТӔЙ ХИЗ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Хуарз ӕмбӕлттӕ исхонӕн ке нӕййес, уӕхӕнтти хӕццӕ нӕ рӕстӕг кӕд ферветӕн?

  • Равдисти ӕртӕ киристонемӕн ци банхус кодта, цӕмӕй, хуарз ӕмбӕлттӕ исхонӕн ке нӕййес, уони хӕццӕ сӕ рӕстӕг мабал ӕрвистайуонцӕ?

  • Библийӕй дин цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, дӕ рӕстӕг ке хӕццӕ ӕрветдзӕнӕ, уони лӕдӕргӕй ӕвзарун?

Мӕн ба, «кадгин гъуддагӕн ка багъӕуй, уӕхӕн дзаума» исхонӕн ес? (2Тм 2:21)