Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ИОВ 33–37

Ӕцӕг ӕмбал унаффӕ дӕтгӕй нифс бауадзуй

Ӕцӕг ӕмбал унаффӕ дӕтгӕй нифс бауадзуй

Елиуййи унаффӕ Елифаз, Вилдад ӕма Софари унаффитӕй хецӕн кодта, ци дзурдта ӕма куд дзурдта, уомӕй. Елиуй ӕцӕг ӕмбал разиндтӕй, удта ӕ унаффитӕ пайда ӕрхастонцӕ, ӕма уомӕй фӕнзуйнаг ӕй.

ХУАРЗ УНАФФИТӔ ДӔТТУН КА ЗОНУЙ, ЕЦИ АДӔЙМАГИ МЕНЕУГУТӔ

ЕЛИУЙ ӔЙ ФӔНЗУЙНАГ

32:4–7, 11, 12; 33:1

 

  • ФӔРАЗОН

  • ИННЕТӔБӔЛ ТУХСУЙ

  • УӔЗДАН

 
  • Елиуй фӕразонӕй бангъӕлмӕ кастӕй, цалинмӕ хестӕртӕ сӕ дзурд нӕ фӕцӕнцӕ, уӕдмӕ

  • Унаффӕ раттуни размӕ кӕронмӕ лӕмбунӕг байгъуста ӕма уой фӕрци гъуддаг хуарз балӕдӕрдтӕй

  • Иовмӕ ӕ номӕй, удта куд хуарз ӕмбалмӕ, уотӕ дзурдта

 

33:6, 7, 32

 

  • СӔРНИЛЛӔГ

  • ХУМӔТӔГ

  • ИННЕТИ РИСТ ЛӔДӔРУЙ

 
  • Елиуй адтӕй сӕрниллӕг ӕма хӕларзӕрдӕ адӕймаг, удта ӕнӕнхӕст ке ӕй, уой лӕдӕрдтӕй

  • Ӕхе Иови бунати ниввардта ӕма ин ӕ рист лӕдӕрдтӕй

 

33:24, 25; 35:2, 5

 

  • ЛӔДӔРГӔ

  • ХУАРЗЗӔРДӔ

  • ГЪУДДАГМӔ ХУЦАУИ ЦӔСТӔЙ КӔСУЙ

 
  • Елиуй Иовӕн фӕлмӕнӕй балӕдӕрун кодта, гъуддагмӕ раст цӕстӕй ке нӕ кастӕй

  • Елиуй Иовӕн балӕдӕрун кодта, ӕхуӕдӕг раст ке ӕй, уой исбӕлвурд кӕнун уотӕ ӕхсидзгӕ ке нӕй

  • Елиуййи унаффӕ Иовӕн банхус кодта Йегови амундтӕмӕ байгъосун