Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Дӕ бон ӕй, ка ’рлӕмӕгъ ӕй, уӕхӕн киристони нифс бауадзун

Дӕ бон ӕй, ка ’рлӕмӕгъ ӕй, уӕхӕн киристони нифс бауадзун

Алли анз дӕр Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуй, ка ӕрлӕмӕгъ ӕй, берӕ уӕхӕн киристӕнттӕ. Царди надбӕл ледзун райдӕдтонцӕ, фал ӕрлӕмӕгъ ӕнцӕ цӕхуӕндӕр гъуддӕгти туххӕй, ӕма уӕхӕн гъуддӕгти туххӕй дзурд цӕуй брошюри «Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх» (Дзт 12:1). Ка ӕрлӕмӕгъ ӕй, еци киристӕнттӕ Йеговӕн уӕддӕр хъазар ӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ ӕ Фурти тогӕй балхӕдта (Гъд 20:28; 1Пт 1:18, 19). Нӕ бон син куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй ӕмбурдмӕ ӕрбаздӕхонцӕ?

Фиййауӕн ӕ уӕриккӕ дзогӕй ку фесӕфуй ӕма ’й зӕрдиагӕй куд фӕййагоруй, раст гъеууотӕ ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр агорунцӕ, ка ӕрлӕмӕгъ ӕй, уӕхӕн киристӕнтти, цӕмӕй син банхус кӕнонцӕ (Лк 15:4–7). Уомӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ сӕ куд уарзуй ӕма сӕбӕл куд тухсуй, е (Йер 23:3, 4). Айдагъ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ, фал не ’гасемӕн дӕр нӕ бон ӕй, уӕхӕн киристӕнтти нифс бауадзун. Ӕма ку архайӕн, цӕмӕй сӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕн ӕма син сӕ рист ку лӕдӕрӕн, уӕд уотемӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзиан ӕма нин зӕрдиагӕй райарфӕ кӕндзӕй (Ӕм 19:17; Гъд 20:35). Уомӕ гӕсгӕ расагъӕс кӕнӕ, кӕмӕн ӕй дӕ бон банхус кӕнун, ӕма уайтагъд архайун райдайӕ!

БАКӔСЕТӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЧИ ӔРЛӔМӔГЪ, УЫДОНӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ РАДЗУБАНДИ КӔНТӔ:

  • Эбби, ке нӕ зудта, еци Йегови Ӕвдесӕни хӕццӕ ку фембалдӕй, уӕд ци бакодта?

  • Ка ӕрлӕмӕгъ ӕй, уӕхӕн киристонӕн нӕ ку бафӕндӕуа банхус кӕнун, уӕд цӕмӕн гъӕуй хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ бацӕун?

  • Эбби дуккаг хатт Лорӕмӕ ку цудӕй, уӕд ӕхе куд бацӕттӕ кодта?

  • Эбби гъӕддухдзийнадӕ, фӕразондзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕ куд бавдиста, Лорӕн банхус кӕнунмӕ ку гъавта, уӕд?

  • Лукай 15:8–10 ци фӕсномуг дзурд финст ес, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

  • Лорӕн еугурӕйдӕр ке ӕнхус кодтонцӕ, е цӕхуӕн хуарз гъуддӕгтӕмӕ ӕркодта?