НӔ КИРИСТОН ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДӔ. КОСӔН ТЪЕТРАД Апрель 2018
Радзубанди кӕнӕн куд ес
Радзубанди кӕнӕн куд ес уӕхӕн фарстатӕбӕл: абони зиндӕр кӕмӕн ӕй – ӕригӕнттӕн ӕви хестӕртӕн? Цард цӕй фӕрци фӕххуӕздӕр уодзӕй? Библий ке гъудитӕ финст ес?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Комуадзӕн ӕма Имисӕн изӕр. Ӕмхузӕн цӕмӕй ӕнцӕ ӕма цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ
Кӕд Комуадзӕн Киристей мӕлӕт Имисӕн изӕрмӕ нӕ амудта, уӕддӕр, Комуадзӕн куд бӕрӕг кодтонцӕ, уомӕй нӕ бон ӕй берӕ цидӕртӕ базонун.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Цотӕ ӕма... цӕттӕ кӕнтӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ». Цӕмӕн, кӕми ӕма куд?
Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕй гъӕуама адӕнӕн амонӕн, Киристей фӕдзӕхститӕ еугурӕйдӕр ӕнхӕст кӕнун ке гъӕуй. Нӕ нисан ӕй нӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй, Киристе цӕбӕл ахур кодта, уомӕ гӕсгӕ цӕронцӕ ӕма Киристей фӕнзонцӕ.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Игъосун кӕнун ӕма ахур кӕнун ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй ахуркӕнуйнӕгти цӕттӕ кӕнӕн
Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн бафӕдзахста, цотӕ ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнтӕ, зӕгъгӕ. Уомӕ ци хауй? Нӕ бон куд ӕй иннетӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй се ’ууӕндундзийнадӕ ирӕза?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Хатиргонд дин ӕнцӕ дӕ тӕрегъӕдтӕ»
Марки 2:5–12 ци хабари туххӕй дзурд цӕуй, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Аци стихтӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй нӕ незтӕн бухсӕн?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Киристе адӕймаги сабати исдзӕбӕх кодта
Дзиуиттаг дини разамонгутӕ адӕнмӕ ци зӕрдӕ дардтонцӕ, е Киристейӕн уотӕ зин цӕмӕн адтӕй? Цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕнӕн, цӕмӕй базонӕн, Киристей хузӕн фӕлмӕнзӕрдӕ ан ӕви нӕ?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Киристемӕ ес хъаурӕ, ка нин рамардӕй, уони райгас кӕнунмӕ
Библий райгасдзийнади туххӕй ци хабӕрттӕ финст ес, уонӕбӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд хъӕбӕрдӕр феууӕндӕн, ка нин рамардӕй, етӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ци косӕнгӕрзтӕ дӕмӕ ес, уонӕй арӕхстгунӕй пайда кӕнӕ
Цӕмӕй иннети арӕхстгунӕй ахур кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕ косӕнгӕрзтӕй хуарз пайда кӕнун исахур уӕн. Нӕ косӕнгӕрзтӕй сӕйраг кӕци ӕй? Ци косӕнгӕрзтӕ нӕмӕ ес, уонӕй арӕхстгунӕй пайда кӕнун куд исахур уӕн?