130 зар ӕма кувд
Раздзурд (3 мин. кенӕ минкъийдӕр)
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Хатиргонд дин ӕнцӕ дӕ тӕрегъӕдтӕ» (10 мин.)
[Бавдесӕ видеоролик «Раздзурд Марки киунугӕмӕ».]
Мк 2:3–5. Паралич ке ниццавта, еци нӕлгоймагӕн Киристе батӕрегъӕд кодта ӕма ин ӕ тӕрегъӕдтӕ ниххатир кодта (jy-OSS 67 ф., 3–5 абз.)
Мк 2:6–12. Киристе, паралич ке ниццавта, еци адӕймаги ке исдзӕбӕх кодта, уомӕй исбӕрӕг ӕй, тӕрегъӕдтӕ хатир кӕнуни барӕ ин ке ес («Цы ӕнцондӕр у», «сыст... ӕмӕ цу» – уӕлӕнхасӕн ӕрмӕг Мк 2:9 стихмӕ, nwtsty-OSS)
Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай (8 мин.)
Мк 1:11. Йеговӕ Киристейӕн ци дзурдтӕ загъта, етӕ цӕбӕл дзорӕг адтӕнцӕ? («уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс», «Ды дӕ мӕ... Фырт», «мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» – уӕлӕнхасӕн ӕрмӕг Мк 1:11 стихмӕ, nwtsty-OSS)
Мк 2:27, 28. Киристе ӕхе туххӕй уотӕ цӕмӕн загъта, «Адӕймаги Фуртӕн сабатбӕл дӕр цӕуй ӕ барӕ», зӕгъгӕ? («сабатыл дӕр цӕуы йӕ бар» – уӕлӕнхасӕн ӕрмӕг Мк 2:28 стихмӕ, nwtsty-OSS)
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕй Йегови туххӕй ци базудтай?
Аци къуӕре Библи кӕсгӕй ма никкидӕр цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?
Библи кӕсӕн (4 мин. кенӕ минкъийдӕр): Мк 1:1–15
АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ
Фиццаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн (2 мин. кенӕ минкъийдӕр): испайда кӕнӕ, 1 фарсбӕл ци цӕветтон ес, уомӕй. Бавдесӕ, адӕн уӕмӕ арӕхдӕр дзурд ӕрдӕгбӕл куд ӕркъуӕрунцӕ, уой ӕма уӕхӕн уавӕри ци ес зӕгъӕн.
Дуккаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн (3 мин. кенӕ минкъийдӕр): испайда кӕнӕ, 1 фарсбӕл ци цӕветтон ес, уомӕй.
Ӕртиккаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн (видеоролик) (5 мин.): бавдесӕ видеоролик ӕма ибӕл радзубанди кӕнтӕ.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
44 зар
«Ӕз рӕстгӕнгути ӕрхонунмӕ не ’рцудтӕн, фал тӕрегъӕдгунти» (7 мин.). Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ. Бавдесӕ видеоролик «Ахӕстонӕй фӕрнӕйдзаг цардмӕ». Уой фӕсте уӕхӕн фарстатӕ раттӕ: Дональд ӕцӕг амондгун цӕй фӕрци иссӕй? Игъосунгӕнгӕй нӕ бон куд ӕй Киристей фӕнзун ӕма адӕнмӕ ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсун? (Мк 2:17).
Йеговӕ «зӕрдиагӕй» хатир кӕнуй (8 мин.). Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ. Бавдесӕ видеоролик «Йегъовӕ, царды мын уыдзынӕ фыццаг бынаты». Уой фӕсте уӕхӕн фарстатӕ раттӕ: Аннелиз Йеговӕмӕ куд ӕма цӕмӕн раздахтӕй? (Ис 55:6, 7). Ӕ цӕветтонмӕ гӕсгӕ дӕ бон куд ӕй, Йеговӕй ка раидард ӕй, уонӕн банхус кӕнун?
Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ (30 мин.): jy-OSS 17 сӕр
Аци ӕма иннӕ къуӕрей ӕхсидзгӕ гъудитӕ (3 мин.)
86 зар ӕма кувд