Дзиуиттаг дини разамонгутӕ адӕнмӕ ци зӕрдӕ дардтонцӕ, е Киристейӕн уотӕ зин цӕмӕн адтӕй? Уомӕн ӕма етӕ сабати туххӕй закъонмӕ бафтудтонцӕ берӕ ӕнӕгъӕугӕ ӕгъдӕуттӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ еци закъон адӕнӕн уаргъи хузӕн иссӕй. Зӕгъӕн, ӕхсӕукъӕ рамарун сабати не ’нгъизтӕй. Адӕймаги сабати исдзӕбӕх кӕнӕн адтӕй, ӕ цардӕн тӕссаг ку уидӕ, ӕрмӕстдӕр уӕд. Гъома адӕймагӕй ести ку феуӕхст уидӕ кенӕ ку басӕттидӕ, уӕд ин сабати банхус кӕнун не ’нгъизтӕй. Мадта бӕрӕг ӕй, еци дини разамонгутӕмӕ нимади дӕр ке н’ адтӕй, ӕ къох кӕмӕн бахускъӕ ’й, еци адӕймаг.