НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ци косӕнгӕрзтӕ дӕмӕ ес, уонӕй арӕхстгунӕй пайда кӕнӕ
Ахуркӕнуйнӕгти цӕттӕ кӕнун рабарӕн ес хӕдзарӕ амайуни хӕццӕ. Хуарз амайӕги хузӕн алкӕмӕндӕр ни ес ӕхе косӕнгӕрзтӕ. Фал нӕ сӕйраг косӕнгарз ӕй Библи, ӕма си гъӕуама арӕхстгунӕй пайда кӕнӕн (2Тм 2:15). Фӕлтӕрдгун игъосунгӕнӕгмӕ ма ес аллихузи косӕнгӕрзтӕ, зӕгъӕн, пълӕнттӕ, хецӕн статьятӕ ӕма видеороликтӕ. Дӕумӕ дӕр ес дӕхе косӕнгӕрзтӕ? Арӕхстгунӕй си пайда кӕнис? *
Дӕ бон куд ӕй дӕ косӕнгӕрзтӕй никки арӕхстгундӕрӕй пайда кӕнун? 1) Игъосун кӕнуни къуари цӕстӕдарӕгӕй ӕнхус ракорӕ, 2) фӕлтӕрдгун игъосунгӕнӕги хӕццӕ кенӕ пионери хӕццӕ игъосун кӕнӕ ӕма 3) архайӕ, архайӕ, архайӕ. Пълӕнттӕ, хецӕн статьятӕ ӕма видеороликтӕй арӕхстгунӕй пайда кӕнун ку исахур уай, уӕд дин, абони ци «арӕзтадон» гъуддаги архайӕн, е устур цийни хуасӕ уодзӕй.
-
Ӕз ба цӕхуӕн косӕнгӕрзтӕй пайда кӕнун ӕма ма сӕбӕл мӕ бон ци ӕй бафтаун?
-
Ци косӕнгӕрзтӕ мӕмӕ ес, уонӕй алкӕмӕйдӕр мӕ бон цӕхуӕн уавӕри ӕй испайда кӕнун?
-
Фӕлтӕрдгун игъосунгӕнгутӕ сӕ косӕнгӕрзтӕй куд пайда кӕнунцӕ, уомӕй мӕ бон зундӕн райсун ци ӕй?
^ 3 абз. Лӕдӕргӕдзийнадӕ дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй бӕлвурд уавӕрти игъосун кӕнгӕй кенӕ бӕлвурд адӕймаги хӕццӕ дзоргӕй ниллух кӕнай, хуӕздӕр кӕци косӕнгарз исфедаудзӕй, уой.