Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Игъосун кӕнун ӕма ахур кӕнун ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй ахуркӕнуйнӕгти цӕттӕ кӕнӕн

Игъосун кӕнун ӕма ахур кӕнун ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй ахуркӕнуйнӕгти цӕттӕ кӕнӕн

Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн бафӕдзахста, цӕмӕй цӕуонцӕ ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнонцӕ (Мф 28:19). Уомӕ хауй игъосун кӕнун ӕма ахур кӕнун. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ни алкедӕр фӕгъгъӕуй ӕхе бафӕрсун: «Аци ӕхсидзгӕ гъуддӕгти мӕ бон ци ӕй фӕххуӕздӕр кӕнун?».

ИГЪОСУН КӔНУН

Адӕн нӕмӕ сӕхуӕдтӕ кӕд ӕрбацӕудзӕнцӕ, уомӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуни бӕсти, мах гъӕуама агорӕн, «аккаг» ка ӕй, уони (Мф 10:11). Игъосун кӕнунмӕ ку фӕццӕуӕн, уӕд фадуат агорӕн, цӕмӕй, «кӕбӕл ӕмбӕлӕн, уони хӕццӕ» радзубанди кӕнӕн? (Гъд 17:17). Лиди ахуркӕнуйнаг иссӕй, апостол Павел зингзӕрдӕй ке игъосун кодта, уой туххӕй (Гъд 16:13–15).

«Сӕумӕй байтауӕ дӕ хумӕ ӕма изӕрмӕ дӕр дӕ къохтӕн уолӕфт ма дӕттӕ» (Ек 11:6)

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «„ӔППЫНӔДЗУХ“ ХЪУСЫН КӔНУТ: ФАДАТ УЫН КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД ӔМӔ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Сэмьюели цардӕй куд зиндтӕй, рӕстдзийнади муггӕгтӕ байтаунмӕ фадуат ке агурдта, е?

  • Игъосун кӕнуни гъуддаги ӕгас мадзӕлттӕй цӕмӕн гъӕуама пайда кӕнӕн?

  • Алли бони гъуддӕгтӕ кӕнгӕй дӕ бон кӕмӕн ӕй хуарз хабари туххӕй радзорун?

АХУР КӔНУН

Цӕмӕй ахуркӕнуйнӕгти цӕттӕ кӕнӕн, уой туххӕй айдагъ литературӕ ниууадзун фагӕ нӕй. Цӕмӕй се ’ууӕндундзийнадӕ ирӕза, уой туххӕй сӕмӕ гъӕуама нӕугӕй цӕуӕн ӕма сӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнӕн (1Кр 3:6–9). Фал, зӕгъӕн, кедӕр хӕццӕ Библи ахур кӕнис, ӕма куд гъӕуй, уотӕ архаис, фал гъуддаг размӕ нӕ цӕуй, удта? (Мф 13:19–22). Гъӕуама идарддӕр дӕр агорӕн, ӕ зӕрдӕ «хуарз зӕнхи» хузӕн кӕмӕн ӕй, уӕхӕн адӕни (Мф 13:23; Гъд 13:48).

«Ӕз аразтон, Апполос дон кодта, фал ӕй ирӕзун ба кодта Хуцау» (1Кр 3:6)

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «„ӔППЫНӔДЗУХ“ ХЪУСЫН КӔНУТ: АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНУТ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Фулдӕр базонун ке фӕндуй, уони зӕрдити ци рӕстдзийнади муггӕгтӕ ес, уонӕбӕл дон кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

  • Кӕмифӕнди ма игъосун кӕнӕн, уӕддӕр нӕ нисан ци гъӕуама уа?

  • Нӕ бон куд ӕй иннети ахур кӕнунмӕ не ’ргом фулдӕр ӕздахун?