Бийнонтӕ ка не ’скӕнуй, е исхайгин уй берӕ арфӕдзийнӕдтӕй
Берӕ киристӕнттӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, бийнонтӕ ке не ’скодтонцӕ, уой фӕрци син берӕ аллихузи фадуӕттӕ ке адтӕй. Зӕгъӕн, сӕ бон адтӕй Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнун, берӕ нӕуӕг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ балимӕн ун ӕма Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр исун.
РАСАГЪӔС КӔНУНМӔ: Кӕд дин цардӕмбал нӕййес, уӕд дӕ бон куд ӕй дӕ уавӕрӕй хуӕздӕр пайда кӕнун?
Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бон куд ӕй, цардӕмбал кӕмӕн нӕййес, уони нифс федар кӕнун?