Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Йеговӕ ци ахурадӕ дӕттуй, уомӕ тундзӕ

Йеговӕ ци ахурадӕ дӕттуй, уомӕ тундзӕ

Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. Нӕ Кадгин Зундамонӕг Йеговӕ нин дӕттуй ӕгасемӕй хуӕздӕр ахурадӕ. Ахур нӕ кӕнуй, нӕ бон куд ӕй нӕ цард фӕххуӕздӕр кӕнун, уобӕл, ӕма нӕ дессаги федӕнмӕ цӕттӕ кӕнуй. Ӕма нӕ уобӕл федун нӕ гъӕуй! (Ис 11:6–9; 30:20, 21; Рар 22:17). Удта нин Йеговӕ еци ахуради фӕрци раттуй, цидӕриддӕр нӕ гъӕуй, уой, цӕмӕй адӕнӕн хуарз хабар игъосун кӕнӕн (2Кр 3:5).

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Сӕрниллӕг уо (Пс 25:8, 9).

  • Пайда кӕнӕ, Йеговӕ дӕ нур цӕй фӕрци ахур кӕнуй, уомӕй, зӕгъӕн, ӕмбурди нин ци ихӕслӕвӕрдтӕ фӕууй, уони фӕрци

  • Йеговӕн дин фулдӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн нисӕнттӕ дӕ рази ӕвӕрӕ (Фп 3:13).

  • Дӕхе естӕмӕй фӕццох кӕнунмӕ цӕттӕ уо, цӕмӕй фулдӕр естӕбӕлти исахур уай (Фп 3:8).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔ НӔ АХУЫР КӔНЫ ӔМӔ ХАЙДЖЫН СТӔМ БИРӔ АРФӔДЗИНӔДТӔЙ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Еуӕй-еу игъосунгӕнгутӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдти сӕрти рахизтӕнцӕ, цӕмӕй сӕ бон иссайдӕ Хуцауи Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъолай ахур кӕнун?

  • Хуцауи Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъолай цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

  • Еци скъола ка фӕцӕй, уонӕн куд банхус кодтонцӕ, кумӕ сӕ иснисан кодтонцӕ, еци ӕмбурдти хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ?

  • Цӕмӕй Хуцауи Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъолай ахур кӕнай, уой туххӕй ци гъӕуй? (kr-OSS 213)

  • Йегови организаций ма цӕхуӕн скъолатӕ ес?

Йеговӕ ци ахурадӕ дӕттуй, уомӕ ку тундзай, уӕд дин е цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй?