Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | РАЙДАЙӔН 32, 33

Хуцауи арфӕдзийнӕдтӕбӕл тох кӕнис?

Хуцауи арфӕдзийнӕдтӕбӕл тох кӕнис?

32:24–28

Йеговӕ арфӕ кӕнуй, Хуцауи Паддзахади гъуддӕгтӕн ӕхе ка не ’вгъау кӕнуй, уонӕн (1Кр 9:26, 27). Каргун Иаков изӕди хӕццӕ куд фӕразонӕй тох кодта, уотӕ мах дӕр гъӕуама архайӕн, цӕмӕй, нӕ лӕггадӕмӕ цидӕриддӕр хауй, уой зӕрдиагӕй ӕнхӕст кӕнӕн. Йегови арфӕдзийнадӕй хайгин ун нӕ федар фӕндӕ ке ӕй, е бӕрӕг уодзӕй...

  • ӕмбурдтӕмӕ нӕхе хуарз ку цӕттӕ кӕнӕн;

  • игъосун кӕнуни гъуддаги ӕдзох ку архайӕн;

  • нӕ бон цӕмӕй ӕй, уомӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ку ӕнхус кӕнӕн.

Цийфӕнди зин уавӕрти ма уай, уӕддӕр Йеговӕй ӕдзох ӕнхус корӕ ӕма зӕрдиагӕй архайӕ, цӕмӕй ин ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнай. Йеговӕ дин ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй.

ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Цӕхуӕн гъуӕддӕгти мӕ гъӕуй никки фулдӕр архайун, цӕмӕй мин Йеговӕ арфӕ кӕна?»