НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. «Ӕносон царди надбӕл цӕун ке фӕндуй», уонӕн ӕнхус кӕнтӕ Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исунмӕ
Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. Йеговӕ рӕстдзийнади нӕмгутӕ ирӕзун кӕнуй «ӕносон царди надбӕл цӕун ке фӕндуй», уони зӕрдити (Гъд 13:48; 1Кр 3:7). Ӕма Библи ка ахур кӕнуй, уонӕй архайгӕ ка кӕнуй, фиццагидӕр уонӕн ку ӕнхус кӕнӕн, уӕд зӕгъӕн ес, ӕма Йегови хӕццӕ ӕмгуст кӕнӕн (1Кр 9:26). Етӕ ’й гъӕуама балӕдӕронцӕ, цӕмӕй фӕййервӕзонцӕ, уой туххӕй сӕ донаргъуд райсун ке гъӕуй (1Пт 3:21). Мах ба син ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исуонцӕ: сӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнонцӕ, игъосун кӕнун ӕма иннети ахур кӕнун базононцӕ, удта сӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнонцӕ (Мф 28:19, 20).
УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:
-
Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уомӕн ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнисӕ, Библи фиццагидӕр уой туххӕй ке ахур кӕнтӕ, цӕмӕй Йегови «базона» ӕма ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕна (Ин 17:3).
-
Рӕстдзийнади надбӕл ин къахдзӕфтӕ кӕнунмӕ ӕнхус кӕнӕ, зӕгъӕн, ӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууадзунмӕ ӕма хуарз ӕмбӕлттӕ ӕвзарунмӕ.
-
Ӕ нифс ин федар кӕнӕ донаргъуди разӕй ӕма донаргъуди фӕсте дӕр (Гъд 14:22).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Еуӕй-еуетӕ сӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕнунмӕ ӕма донаргъуд райсунмӕ цӕмӕн фӕффӕстеуат кӕнунцӕ?
-
Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн банхус кӕнун, цӕмӕй се ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕна?
-
Исай 41:10 стихӕй Йегови туххӕй ци ес базонӕн?
-
Цӕхуӕн менеугутӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ Йеговӕн уотӕ лӕггадӕ кӕнун, цӕмӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕна, кӕд ӕнӕнхӕст ан, уӕддӕр?