Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Уавӕртӕмӕ гӕсгӕ архайӕ

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Уавӕртӕмӕ гӕсгӕ архайӕ

Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. Исӕрст киристӕнттӕ ӕма ӕндӕр фустӕ аллихузи адӕни хонунцӕ «царди дон лӕварӕй» райсунмӕ (Рар 22:17). Еци «дон» амонуй, Йеговӕ коммӕгӕс адӕнӕн тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй фӕййервӕзунмӕ цидӕриддӕр дӕттуй, уомӕ. Ӕма цӕмӕй аллихузи ӕгъдӕуттӕбӕл, удта динтӕбӕл хуӕст ка ӕй, уӕхӕн адӕнӕн ӕнхус кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуама архайӕн «ӕносон хуарз хабар» уотӕ игъосун кӕнун, цӕмӕй си алке зӕрдӕмӕ дӕр над иссерӕн (Рар 14:6).

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Кӕми цӕрис, уоми адӕни зӕрдитӕмӕ ка багъардзӕй, уӕхӕн фарстатӕ ӕма Библий стихтӕ ӕвзарӕ. Дӕ бон ӕй пайда кӕнун, «Косӕн тъетрад»-и 1 фарсбӕл ци цӕветтонтӕ фӕууй, уонӕй кенӕ ба, адӕни арӕх цӕхуӕн фарстати фӕрци бацӕмӕдес кӕнис, уонӕй. Сӕ зӕрдитӕмӕ цӕхуӕн фарстатӕ кенӕ стихтӕ багъарунцӕ? Ка ’й зонуй, ӕрӕги цидӕр хабар ӕрцудӕй ӕма адӕнӕн сӕ фулдӕр уобӕл дзорунцӕ. Нӕлгоймӕгти хӕццӕ цӕбӕл ес радзорӕн? Силгоймӕгти хӕццӕ ба?

  • Дӕ гъудий дарӕ, кӕми цӕрис, уоми адӕн салам куд фӕддӕттунцӕ ӕма кӕрӕдзей хӕццӕ куд фӕдздзорунцӕ, уой (2Кр 6:3, 4).

  • Байархайӕ, цӕмӕй хуарз зонай, иннети ахур кӕнунмӕ нин ци публикацитӕ ӕма видеороликтӕ ес, уонӕми цӕй кой цӕуй, уой. Уой фӕрци сӕ дӕ бон уодзӕй ӕвдесун, фулдӕр базонун ке бафӕндӕуа, уонӕн.

  • Дӕ телефон кенӕ планшетмӕ рафинсӕ, кӕми цӕрис, уоми адӕн ци ’взӕгтӕбӕл дзорунцӕ, еци ’взӕгтӕбӕл публикацитӕ ӕма видеороликтӕ.

  • Адӕймаги ци тухсун кӕна, уомӕ гӕсгӕ дӕ дзубанди феййевисӕ (1Кр 9:19–23). Зӕгъӕн, адӕймаг дин ку зӕгъа, ӕрӕги си кадӕр ке рамардӕй, уӕд ци загъдзӕнӕ?

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Игъосунгӕнӕг хӕдзари хецауи хӕццӕ цӕбӕл дзорун райдӕдта?

  • Хӕдзари хецауӕн ӕ царди цӕхуӕн хабар ӕрцудӕй?

  • Аци уавӕри Библий стихтӕй хуӕздӕр ка бафедудта ӕма цӕмӕн?

  • Ду ба игъосун кӕнгӕй дӕ дзубанди куд феййевис, цӕмӕй адӕймаги зӕрдӕмӕ над иссерай?