НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Зӕнхӕ «цӕугӕдон... ранихъуардта»
Историй дӕргъи аци дуйней хецауӕдтӕй кадӕртӕ Йегови адӕнӕн ӕнхус кодтонцӕ (Езд 6:1–12; Есф 8:10–13). Мах рӕстӕги дӕр уотӕ фӕууй, ӕма «залиаг хелагӕй», гъома Сайтанӕй ци «цӕугӕдон» рацӕуй, уой «зӕнхӕ» ранихъуӕруй. «Зӕнхӕ» амонуй, аци дуйней бартӕ ке къохти ӕнцӕ, уони астӕу лӕдӕргӕдӕр ка ӕй, уонӕмӕ. «Цӕугӕдон» ба амонуй, нӕ фӕдбӕл ке зелунцӕ, уомӕ (Рар 12:16). Йеговӕ ӕй, «ка нӕ ервӕзун кӕнуй, еци Хуцау», ӕма еуӕй-еухатт зӕнхон хецауӕдти уӕхӕн зундбӕл исаразуй, цӕмӕй ин ӕ адӕнӕн банхус кӕнонцӕ (Пс 68:20; Ӕм 21:1).
Кӕд де ’ууӕндундзийнади туххӕй ахӕстдони бадис кенӕ дин уордӕмӕ бахаунӕй тӕссаг ӕй, уӕд ма гурусхӕ кӕнӕ, Йеговӕ дин дӕ уавӕр ке уинуй (Рд 39:21–23; Пс 105:17–20). Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, федар ӕууӕндундзийнадӕ дин ке ес, уой туххӕй арфӕгонд ке ӕрцӕудзӕнӕ, удта дӕ еузӕрдондзийнадӕ ӕгас дуйней дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ нифс ке федар кӕнуй (Фп 1:12–14; Рар 2:10).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «КОРЕЙЫ ӔФСЫМӔРТЫ АХӔСТОНӔЙ ССӔРИБАР КОДТОЙ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Берӕ ӕнзти дӕргъи Хонсар Корейи мингай ӕнсувӕртӕ ахӕстдӕнтти цӕй туххӕй бадтӕнцӕ?
-
Тӕрхондони цӕхуӕн унаффитӕ хаст ӕрцудӕнцӕ, ӕма е куд фӕййагъаз ӕй, цӕмӕй ӕнсувӕртӕй кедӕрти раздӕр рауагътайуонцӕ?
-
Аллихузи бӕстити се ’ууӕндундзийнади туххӕй ахӕстдӕнтти ка бадуй, еци ӕнсувӕртӕн нӕ бон куд ӕй ӕнхус кӕнун?
-
Нуртӕккӕ нин ци сӕребарӕдзийнадӕ ес, уомӕй нӕ бон куд ӕй пайда кӕнун?
-
Тӕрхондӕнтти ке рамолӕн, е алли хатт дӕр ке фӕрци фӕууй?