Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 12, 13

Хуцау хъотури туххӕй ци закъӕнттӕ равардта, уонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

Хуцау хъотури туххӕй ци закъӕнттӕ равардта, уонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

13:4, 5, 45, 46, 52, 57

Хъотури туххӕй закъӕнттӕ ци уагӕвӕрдтӕбӕл арӕзт адтӕнцӕ, уонӕй ци ес базонӕн, не ’ууӕндундзийнадӕ гъӕуай кӕнун ӕхсидзгӕ ке ӕй, уой туххӕй?

  • Йеговӕ саугинтӕн байамудта, хъотур тагъд исбӕрӕг кӕнӕн куд ес, уой. Абони ба хестӕр нӕлгоймӕгтӕ уайтагъддӕр сӕ гъос ӕрдарунцӕ, е ’ууӕндундзийнадӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ уй ӕма еци гъуддаги ӕнхус ке багъӕуй, уонӕмӕ (Иак 5:14, 15).

  • Израилӕгтӕ гъӕуама фесафтайуонцӕ, хъотур кӕбӕл фӕззиндтӕй, еци дзаумӕуттӕ, цӕмӕй нез ма рапурхӕ адтайдӕ. Киристӕнттӕ дӕр гъӕуама цӕттӕ уонцӕ, хъазар син ка ӕй, сауӕнгӕ уӕхӕн цӕмӕйдӕртӕй дӕр сӕхе раеуварс кӕнун, кӕд син уой туххӕй тӕрегъӕд искӕнунмӕ тӕссаг ӕй, уӕд (Мф 18:8, 9). Уомӕ хауй, адӕймаг цӕбӕл фӕййахур уй, уӕхӕн ести, удта ӕмбӕлттӕ ӕма ерхӕфсӕнтӕ дӕр.

Киристонӕн ӕ бон куд ӕй бавдесун, ӕцӕгӕйдӕр ӕй ке фӕндуй, цӕмӕй ин Йеговӕ банхус кӕна?