Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 16, 17

Кӕдзосгӕнӕн бон дӕуӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй?

Кӕдзосгӕнӕн бон дӕуӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй?

16:12–15

Кӕдзосгӕнӕн бон хестӕр саугин бодӕй куд пайда кодта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

  • Библий боди хӕццӕ барст цӕуй Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгути кувдтитӕ (Пс 141:2). Хестӕр саугин Йегови размӕ бодӕ бахӕссун ӕхецӕн устур кадӕбӕл нимадта. Махӕн дӕр нӕ кувдтитӕй гъӕуама бӕрӕг уа, Йеговӕн хъӕбӕр ке аргъ кӕнӕн ӕма имӕ нӕ бон ковун ке ӕй, уой нӕхецӕн устур кадӕбӕл ке нимайӕн.

  • Хестӕр саугин гъӕуама бодӕ иссугътайдӕ, цалинмӕ нивонд нӕма ӕрхаста, уӕдмӕ. Раст гъеуотӕ, Киристе ӕ цард нивондӕн раттуни размӕ гъӕуама е ’гас цардӕй дӕр ӕвдистайдӕ, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ӕй ӕма гъӕуама кӕронмӕ федар фӕллӕудтайдӕ, цӕмӕй ин Йеговӕ ӕ нивонд райстайдӕ.

Мӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй мин Йеговӕ мӕ нивӕндтӕй арази уа?