НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Цӕттӕ дӕ Хуцауи Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъолай ахур кӕнунмӕ?
Ду дӕр 23 анзӕй 65 анзи кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгути астӕу дӕ? Де ’нӕнездзийнадӕ федар ӕй? Дӕ бон н’ адтайдӕ, игъосунгӕнгутӕ кӕми дӕ фагӕ кӕнуй, уоми лӕггадӕ кӕнун? Кӕд аци фарстатӕбӕл гъо, зӕгъгӕ, дзуапп равардтай, уӕд расагъӕс кӕнӕ, цума дӕ бон н’ адтайдӕ Хуцауи Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъолай исахур кӕнун? Фиццаг къласӕй фӕстӕмӕ си ахур кодтонцӕ мингай бийнонтӕ, удта бийнонтӕ кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Фал бийнонтӕ кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн ӕнсувӕрти ӕнхус никки хъӕбӕрдӕр гъӕуй. Мадта Йеговӕй корӕ, цӕмӕй дӕ дӕ лӕггади фулдӕр архайун бафӕндӕуа ӕма ин ӕ фурти бафӕнзай (Пс 40:8; Мф 20:28; Дзт 10:7). Удта дин кӕд дӕ бийнонти рази цидӕр ихӕстӕ ес, косгӕ кӕнис кенӕ ихӕс дарис, уӕд расагъӕс кӕнӕ, дӕ бон ци ӕй раййевун, цӕмӕй еци скъолай исахур кӕнай.
Еци скъолай ка исахур кӕнуй, етӕ кӕми ӕма кутемӕй фӕллӕггадӕ кӕнунцӕ? Кедӕрти иснисан кӕнунцӕ, ӕндӕр ӕвзагбӕл кӕми дзорунцӕ, уӕхӕн рауӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ. Кӕмӕндӕрти ба баихӕс кӕнунцӕ, цӕмӕй устур горӕтти берӕ адӕн кӕми фӕууй, уӕхӕн рауӕн игъосун кӕнонцӕ. Кедӕрти ба иснисан кӕнунцӕ районон цӕстӕдаргути хуӕдӕййевӕгӕй, районон цӕстӕдаргутӕй кенӕ миссионертӕй. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ дин ци фадуӕттӕ ес, уонӕбӕл ку сагъӕс кӕнай, уӕд бафӕнздзӕнӕ пахампар Исаййи. Е загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн рарветӕ» (Ис 6:8).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «МИССИОНЕРТӔ – ХУЫМЫ КУСДЖЫТӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Миссионерти куд иснисан кӕнунцӕ?
-
Миссионертӕ цӕхуӕн куст кӕнунцӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ?
-
Йеговӕ миссионерти лӕггадӕн куд арфӕ кӕнуй?