ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йеговӕ мӕгуртӕбӕл ке тухсуй, е Моисеййи закъонӕй куд зиннуй?
Йеговӕ израилӕгтӕн бафӕдзахста, цӕмӕй мӕгуртӕн ӕма, бунтӕ кӕмӕн н’ адтӕй, уонӕн ӕнхус кодтайуонцӕ (Д.з 14:28, 29; it-U «Десятина», дӕлс. «Постановления Моисеева закона», 4 абз.)
Ихӕс ка дардта, еци адӕймаги сабати анз ӕ ихӕсӕй иссӕребарӕ кӕнун гъудӕй (Д.з 15:1–3; it-U «Субботний год», 4 абз.)
Адӕймаг ӕхе цагъайради ку рауӕйӕ кӕнидӕ, ӕма уомӕй ӕхсӕз анзи ку рацӕуидӕ, уӕд ӕй ӕвдӕймаг анз гъудӕй исуӕгъдӕ кӕнун, удта ин гъудӕй ӕ къохи ести бакӕнун (Д.з 15:12–14; it-U«Раб», дӕлс. «До нашей эры», 4 абз.)
ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Тухст уавӕри ка ӕй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл мӕ бон цӕхуӕн гъуддӕгти ӕй батухсун?»