НӔ КИРИСТОН ЦАРД
«Мӕтӕ макӕд кӕнтӕ»
Рагон Израили Йеговӕ мӕгуртӕн ӕнхус кодта. Абони ба, ӕ лӕггадгӕнгутӕй мӕгур цард ка кӕнуй, уонӕн куд ӕнхус кӕнуй?
-
Ахур нӕ кӕнуй, цӕмӕй ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсӕн (Лк 12:15; 1Тм 6:6–8)
-
Ӕнхус нин кӕнуй, цӕмӕй нӕхецӕн аргъ кӕнӕн (Иов 34:19)
-
Ахур нӕ кӕнуй, цӕмӕй хъиамӕт кӕнӕн ӕма лӕгъуз гъуддӕгтӕ ма кӕнӕн (Ӕм 14:23; 20:1; 2Кр 7:1)
-
Адӕн кӕрӕдзей кӕми уарзунцӕ, уӕхӕн организацимӕ нӕ ӕрбакодта (Ин 13:35; 1Ин 3:17, 18)
-
Дессаги федӕнӕй нин зӕрдӕ байвардта (Пс 9:18; Ис 65:21–23)
Нӕ уавӕр нӕмӕ цийфӕнди зин ку кӕса, уӕддӕр гъӕуама ӕгӕр ма мӕтӕ кӕнӕн (Ис 30:15). Йеговӕ нӕбӕл ӕнӕмӕнгӕй батухсдзӕй, ӕ Паддзахадӕ ин нӕ царди фиццаг бунати ку ӕвӕрӕн, уӕд (Мф 6:31–33).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УАРЗОНДЗИНАДЫ ФӔРЦЫ АЛЦЫДӔР СФӔРАЗДЗЫНӔ, КӔД МӔГУЫР ЦАРД КӔНЫС, УӔДДӔР (КОНГО)» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Регионалон конгресстӕ кӕми фӕццӕунцӕ, уордӕмӕ хӕстӕг ци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цӕруй, етӕ иуазӕгуарзондзийнадӕ куд бавдистонцӕ?
-
Мӕгур цард ка кӕнуй, уони Йеговӕ ке уарзуй, е аци видеороликкӕй куд зиннуй?
-
Гъӕздуг уӕн ӕви мӕгур, уӕддӕр нӕ бон куд Йегови фӕнзун?