Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Йеговӕ ци сфӕлдиста, уонӕй бӕрӕг ӕй, хъӕбӕр берӕ нӕ ке уарзуй. Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнӕн Йеговӕ нӕ зӕрдиаг хъиамӕтӕн ке аргъ кӕнуй ӕма нӕ ӕ арфӕдзийнӕдтӕй ӕнӕмӕнгӕй ке исхайгин кӕндзӕй

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Йеговӕ ци сфӕлдиста, уомӕй ӕ уарзондзийнадӕ куд зиннуй?

Йеговӕ ци сфӕлдиста, уомӕй ӕ уарзондзийнадӕ куд зиннуй?

Адӕймагӕн алли бон дӕр берӕ гъуддӕгтӕ фӕууй, ӕма уомӕ гӕсгӕ кадӕртӕ, нӕ алливарс ци рӕсугъд ӕрдзӕ ес, уомӕ сӕ гъос дӕр нӕбал фӕддарунцӕ. Йеговӕ ба ибӕл зӕрдиагӕй бахъиамӕт кодта, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕ цардӕй рохс кӕна. Киристе адӕни разӕнгард кодта сфӕлдистадӕмӕ лӕмбунӕг кӕсун ӕма сагъӕс кӕнун, Йегови туххӕй си нӕ бон ци ӕй базонун, уобӕл (Мф 6:25, 26).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙЫ СКОНД ХЪУЫДДӔГТӔ ЙӔ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

Йегови уарзондзийнадӕ куд зиннуй...

  • зӕнхӕбӕл ци элементтӕ ес, уонӕй?

  • зӕнхи атмосферӕ куд конд ӕй, уомӕй?

  • зӕнхӕбӕл кӕрдӕг ке ирӕзуй, уомӕй?

  • цӕрӕгойтӕ куд конд ӕнцӕ, уомӕй?

  • адӕймагӕн ӕ бон уинун, игъосун, смӕгтӕ ӕвзарун, адӕ лӕдӕрун ӕма ӕнкъарун ке ӕй, уомӕй?

  • адӕймаги сӕрихъанз куд конд ӕй, уомӕй?