НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Дӕ бон ӕй, ӕма нифсгун уай
Нифсгун адӕймаг фӕууй федар ӕма нифсхаст. Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма некӕд нецӕмӕй фӕттӕрсуй. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма кӕд цӕмӕйдӕр фӕттӕрсуй, уӕддӕр архайуй. Ӕцӕг нифсгун уодзиан ӕрмӕстдӕр Йегови фӕрци (Пс 28:7). Ӕригӕнттӕн сӕ бон куд ӕй нифсгунӕй архайун?
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ФӔЗМУТ ТӔППУДТЫ НӔ, ФӔЛӔ ХЪӔБАТЫРТЫ!» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:
-
Ӕригӕнтти цӕхуӕн уавӕрти фӕгъгъӕуй нифсхастдзийнадӕ бавдесун?
-
Библийӕй нин ке цӕветтонтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй нифсгун уӕн?
-
Нифсгун ку уӕн, уӕд е нӕхецӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр ци пайда ӕрхӕсдзӕй?