Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ӕмбурди хуӕртӕн кадӕ кӕнӕ

Ӕмбурди хуӕртӕн кадӕ кӕнӕ

Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ фидтӕлтӕ ӕма мадтӕлти цӕстӕй кӕсӕн, ӕригон ка ӕй, уонӕмӕ ба – хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цӕстӕй. (Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 5:1, 2.) Ӕмбурди нӕлгоймӕгтӕн уӕлдай ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй хуӕрти нимайонцӕ ӕма син кадӕ кӕнонцӕ.

Ӕнсувӕр ӕхе уотӕ некӕд дардзӕй, цума хуӕрӕ ӕ зӕрдӕмӕ цӕуй, удта уӕхӕнӕй неци кӕндзӕй, цӕмӕй хуӕрӕ фефсӕрми уа (Иов 31:1). Уотӕ фӕууй, ӕма адӕймаг иннемӕн ӕхе бауарзун кӕнуй, кӕд ӕ сӕри къуми дӕр неци фӕууй, уӕддӕр. Ӕма уотемӕй иннӕ адӕймагӕн устур зӕрди рист бавзарун кӕнуй. Уӕззау зунди хецау ка ӕй, уӕхӕн ӕнсувӕр уотӕ некӕд бакӕндзӕй.

Хуӕртӕ хестӕр нӕлгоймӕгти естӕбӕл уӕзданӕй ку фӕрсонцӕ кенӕ син ести ӕхсидзгӕ гъуддаги кой ку кӕнонцӕ, уӕд сӕмӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама лӕмбунӕг байгъосонцӕ. Етӕ уӕлдай хъӕбӕрдӕр батухсунцӕ, сӕрихецау кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн хуӕртӕбӕл (Рф 2:8, 9).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УАРЗОНДЗИНАД ӔВДИСУТ ӔМБЫРДЫ. ИДӔДЗТӔМ ӔМӔ СИДЗӔРТӔМ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Хуӕрӕ Мьинтӕбӕл ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ куд батухстӕнцӕ?

  • Хуӕрӕ Мьинтӕбӕл ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке батухстӕнцӕ, е ӕ гъӕуи цӕргутӕбӕл куд рабӕрӕг ӕй?

  • Хуӕрӕ Мьинтӕбӕл ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке батухстӕнцӕ, е ӕ кизгуттӕбӕл куд рабӕрӕг ӕй?

Дӕ бон цӕхуӕн бӕлвурд гъуддӕгти ӕй ӕвдесун, де ’мбурди хуӕртӕбӕл ке тухсис?