НӔ КИРИСТОН ЦАРД | НИСӔНТТӔ НӔУӔГ ЛӔГГАДИ АНЗМӔ
Арӕзтадон гъуддӕгти архайун
Арӕзтадон гъуддӕгти ке фӕййархайӕн, е дӕр нӕ лӕггадӕмӕ хауй (Рц 36:1). Кӕми цӕрис, уордӕмӕ хӕстӕг ка ӕй, уӕхӕн арӕзтадон проектти дӕ бон н’ адтайдӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕнхус кӕнун? Кӕд гъо, уӕд байдзаг кӕнӕ «Заявление на служение добровольцем в программе местного проектно-строительного отдела» (DC-50). Кенӕ ба дӕ бон не ’ссайдӕ цалдӕр къуӕрей кенӕ мӕйи балӕггадӕ кӕнун, идард рауӕн ка ӕй, уӕхӕн арӕзтадон проектти? Кӕд гъо, уӕд байдзаг кӕнӕ «Заявление на добровольное служение» (A-19). Цӕмӕй дӕ бон уа арӕзтадон проектти ӕнхус кӕнун, уой туххӕй дӕ еци куститӕмӕ дӕсни ун нӕ гъӕуй (Не 2:1, 4, 5).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДЕЙСТВУЙТЕ С ВЕРОЙ, КОГДА ОТКРЫВАЕТСЯ „БОЛЬШАЯ ДВЕРЬ“. УЧАСТИЕ В ТЕОКРАТИЧЕСКИХ СТРОЙКАХ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:
-
Сарӕ цӕбӕл тухстӕй, фал ин ци банхус кодта?