Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Хаййӕй «Радзубанди кӕнӕн куд ес» куд пайда кӕнун гъӕуй?

Хаййӕй «Радзубанди кӕнӕн куд ес» куд пайда кӕнун гъӕуй?

Хаййи «Радзубанди кӕнӕн куд ес» ци цӕветтонтӕ фӕууй, уони бацӕттӕ кӕнунбӕл ӕнсувӕртӕ хъӕбӕр бахъиамӕт кӕнунцӕ. Ӕма си берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ аллихузи бӕстити ӕнтӕстгунӕй пайда кӕнунцӕ. Фал аллихузи рауӕнти уавӕртӕ ӕмхузӕн ке нӕ ’нцӕ, уой туххӕй игъосунгӕнгутӕн сӕ бон ӕй игъосун кӕнгӕй аллихузи мадзӕлттӕй пайда кӕнун ӕма адӕни хӕццӕ дзорун, ка сӕ тухсун кӕнуй, еци фарстатӕбӕл. Фал зеути рӕстӕг гъӕуама архайӕн, ци амундтӕ лӕвӕрд фӕуунцӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ. Нӕ нисан ӕй Киристей фӕдзӕхст исӕнхӕст кӕнун – адӕнӕн фегъосун кӕнун Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар (Мф 24:14).

Игъосунгӕнгутӕн ӕмбурди ихӕслӕвӕрд ку уа, уӕд гъӕуама пайда кӕнонцӕ, косӕн тъетради цӕветтонӕн ци темӕ ӕвзурст ӕрцудӕй, уомӕй. Фал сӕ бон ӕй бунӕттон уавӕртӕмӕ гӕсгӕ равзарун ӕндӕр фарста, ӕндӕр стих Библийӕй ӕма иннӕ хатт радзубанди кӕнӕн кӕбӕл ес, ӕндӕр уӕхӕн фарста (кӕд ӕндӕрхузи амундтӕ нӕййес, уӕд). Аци амундтӕ лӕвӕрд ӕнцӕ, 2020 анзи июни косӕн тъетради 8 фарсбӕл ци амундтӕ адтӕй, уони бӕсти.