Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Сӕрмагонд зеу сентябри – байархайӕ, цӕмӕй фулдӕр адӕни хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайай

Сӕрмагонд зеу сентябри – байархайӕ, цӕмӕй фулдӕр адӕни хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайай

Сентябри не ’гас хъауритӕ исараздзиан, цӕмӕй, игъосун кӕнгӕй кӕбӕлдӕриддӕр исӕмбӕлӕн, уони хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайӕн брошюри фӕрци «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!». Еци мӕйӕ ӕнхусгӕнӕг пионерӕй ка лӕггадӕ кӕна, уонӕн сӕ бон уодзӕй 30 сахатти дӕр игъосун кӕнун. Еци сӕрмагонд зеуи рӕстӕг куд архайдзиан?

  • Адӕймаги хӕццӕ фиццаг хатт ку дзорай. Пайда кӕнӕ брошюри фӕстаг фарсбӕл ци фарста ес, уомӕй ӕма адӕймагӕн бавдесӕ, адӕни хӕццӕ Библи куд фӕййахур кӕнӕн, уой. Ма ди байронх уӕнтӕ, раздӕр Библий туххӕй ке хӕццӕ дзурдтай ӕма фулдӕр базонун ке фӕндадтӕй, уой хӕццӕ ба ма нӕуӕгӕй ке бабӕрӕг кӕнисӕ, уони. Кӕд сӕ раздӕр нӕ фӕндадтӕй Библи ахур кӕнун, уӕд нур ба, ка ’й зонуй, нӕ нӕуӕг мадзӕлттӕ ӕма нӕ нӕуӕг брошюрӕ сӕ зӕрдӕмӕ фӕццӕудзӕнцӕ. Хӕдзари ке нӕ баййафӕн, уонӕн брошюрӕ уадзун нӕ гъӕуй, удта фулдӕр базонун ке нӕ бафӕндадтӕй, уонӕн дӕр ӕй ӕрветун нӕ гъӕуй. Ӕмбурди комитети бон ӕй еци мӕйӕ игъосун кӕнуни фембӕлдтӕ фӕффулдӕр кӕнун.

  • Ӕндӕр фадуӕттӕ. Кӕд уе ’мбурд стенди хӕццӕ игъосун кӕнуй, уӕд си ниввӕретӕ брошюритӕ «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!». Фулдӕр базонун ке фӕндӕуа, уонӕн зӕгъӕ, брошюрӕ ку райсонцӕ, уӕд сӕ бон ке ӕй Библи лӕвар ахур кӕнун. Еци фӕдбӕл ин цубуртӕй бавдесӕ, адӕни хӕццӕ Библи куд фӕййахур кӕнӕн, уой кенӕ ӕ хӕццӕ ӕндӕр хаттмӕ бадзубанди кӕнӕ. Игъосун кӕнунбӕл дзуаппдӕттӕг цӕстӕдарӕг фӕлтӕрдгун игъосунгӕнгутӕн баихӕс кӕндзӕй, цӕмӕй кустуӕтти агоронцӕ, Библи ахур кӕнун ке фӕндуй, уони. Дӕ бон ма ӕй Библи ахур кӕнуни туххӕй зӕгъун де ’мкосгутӕн кенӕ ӕндӕр ескӕмӕн.

Киристе нин баихӕс кодта ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун ӕма сӕ ахур кӕнун (Мф 28:19, 20). Аци сӕрмагонд зеу, удта брошюрӕ «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» нин банхус кӕндзӕнцӕ еци гъуддаг исӕнхӕст кӕнун.