НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕ дин дӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд дӕттуй, уой уинис?
Библий ес дуйне цӕветтонтӕ, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути кувдтитӕбӕл дзуапп куд лӕвардта, уомӕн. Ци сӕ тухсун кодта, уомӕ Йеговӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ке нӕ кастӕй, уой уингӕй се ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кодта. Гъӕйдӕ мадта мах дӕр бӕлвурд гъуддӕгти туххӕй ковӕн ӕма нин Йеговӕ нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд дӕттуй, уой уинӕн. Гӕнӕн ес, ӕма нин дзуапп ратта, мах ӕнгъӕл куд нӕ ан, уотӕ кенӕ нин ӕ бон ӕй, ци си курдтан, уомӕй берӕ фулдӕр раттун (2Кр 12:7–9; Еф 3:20). Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд раттуй? Ӕ бон ӕй:
-
хъаурӕ, фарнӕ ӕма ӕууӕндундзийнадӕ раттун, цӕмӕй зиндзийнӕдти сӕрти рахезӕн (Фп 4:13)
-
зунд раттун, цӕмӕй раст унаффитӕ хӕссӕн (Иак 1:5)
-
уотӕ бакӕнун, цӕмӕй нӕ архайун фӕндгӕ дӕр кӕна ӕма нӕмӕ хъауритӕ дӕр уа (Фп 2:13)
-
нӕ зӕрдӕ нин ӕрсабур кӕнун, естӕбӕл ку тухсӕн, уӕд (Фп 4:6, 7)
-
иннети баразӕнгард кӕнун, цӕмӕй, ци гъӕуагӕ ан уомӕй нин банхус кӕнонцӕ кенӕ нин нӕ нифс бафедар кӕнонцӕ (1Ин 3:17, 18)
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИЕГОВА — „СЛУШАТЕЛЬ МОЛИТВ“» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:
-
Кӕд де ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ’й, уӕд дин ӕнсувӕр Симидзуй хабар куд банхус кӕндзӕй?
-
Ӕнсувӕр Симидзуй хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнис?