Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД | НИСӔНТТӔ НӔУӔГ ЛӔГГАДИ АНЗМӔ

Пионерӕй лӕггадӕ кӕнун

Пионерӕй лӕггадӕ кӕнун

Цӕмӕй нӕ хъауритӕ дзӕгъӕли ма харз кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуама нисӕнттӕ ӕвӕрӕн (1Кр 9:26). Рӕстӕг берӕ нӕбал байзадӕй, уомӕн ӕма аци дуйней кӕрон хӕстӕг ӕй (Еф 5:15, 16). Уӕ бон н’ адтайдӕ уӕ бийнонти ахури рӕстӕг нӕуӕг лӕггади анзмӕ нисӕнттӕ исӕвӕрун? Аци косӕн тъетради уой фӕдбӕл ес цалдӕр статьяй. Йеговӕмӕ исковетӕ ӕма еумӕ расагъӕс кӕнтӕ, цӕхуӕн нисӕнттӕ уӕ бон адтайдӕ исӕвӕрун, уобӕл (Иак 1:5).

Зӕгъӕн, уӕ бон н’ адтайдӕ уӕ гъуддӕгтӕ уотӕ испълан кӕнун, цӕмӕй уи уӕддӕр еуемӕн ӕ бон исуа пионерӕй лӕггадӕ кӕнун? Кӕд уӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма уӕ бон не ’суодзӕй, уӕд радзоретӕ, сумах хузӕн уавӕрти ка ӕй, уӕхӕн пионери хӕццӕ (Ӕм 15:22). Уӕ бон ӕй уӕхӕн хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри уӕ бийнонти ахурмӕ дӕр фӕххонун. Уой фӕсте испълан кӕнтӕ, цӕхуӕн игъосун кӕнуни графикмӕ гӕсгӕ игъосун кӕндзиайтӕ, уой. Кӕд раздӕр пионерӕй лӕггадӕ кодтай, уӕд расагъӕс кӕнӕ, нӕуӕгӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун дӕ бон исуодзӕй ӕви нӕ.

Уӕ бийнонтӕй неке бон иссайдӕ ӕнхусгӕнӕг пионерӕй еу мӕйӕ кенӕ фулдӕр балӕггадӕ кӕнун? Кӕд де ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ’й, уӕд алли бон дӕр минкъийгай лӕггадӕ кӕнӕ, цӕмӕй дӕ нормӕ ӕнхӕст кӕнай. Фал кӕд ӕнӕгъӕнӕ бон косис кенӕ скъолай ахур кӕнис ӕма дин косгӕ бӕнтти лӕггадӕ кӕнун нӕ фӕууайуй, уӕд равзарӕ, каникултӕ, отпуск кенӕ фулдӕр уолӕфгӕ бӕнттӕ кӕми уа, уӕхӕн мӕйӕ. Еумӕ расагъӕс кӕнтӕ, уӕ бийнонтӕн нӕуӕг лӕггади анзмӕ сӕ бон цӕхуӕн нисӕнттӕ исӕвӕрун адтайдӕ, уобӕл. Дӕ къалендари фӕннисан кӕнӕ, ӕнхусгӕнӕг пионерӕй кӕци мӕйӕ лӕггадӕ кӕндзӕнӕ, уой ӕма график искӕнӕ (Ӕм 21:5).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «БУДЬТЕ МУЖЕСТВЕННЫМИ! ПИОНЕРЫ»:

  • Эммӕ Оманни цӕветтонӕй куд зиннуй, пионерӕй лӕггадӕ кӕнуни туххӕй ӕхе цӕмӕйдӕрти ка фӕццох кӕнуй, уонӕбӕл Йеговӕ куд батухсуй, е?