Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Дӕу бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй дӕ хӕдзари алкӕддӕр цийнӕ уа?

Дӕу бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй дӕ хӕдзари алкӕддӕр цийнӕ уа?

Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕгас бийнонтӕ дӕр амондгун уонцӕ (Пс 127:3–5; Ек 9:9; 11:9). Фал аци дуйней ке цӕрӕн ӕма ӕнӕнхӕст ке ан, уой туххӕй нӕ цийнӕ еуӕй-еу хатт фӕццидӕр уй. Алке бон дӕр ни ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕ хӕдзари алкӕддӕр цийнӕ уа?

Лӕг ӕ бийнойнагӕн кадӕ кӕнуй (1Пт 3:7). Ӕ хӕццӕ рӕстӕг ӕрветуй. Ӕгӕр берӕ си некӕд фӕййагоруй, удта ин алкӕддӕр фӕййарфӕ кӕнуй, сӕ бийнонтӕбӕл куд тухсуй, уой туххӕй (Кл 3:15). Алкӕддӕр ин фӕдздзоруй, куд берӕ ’й уарзуй ӕма си куд боз ӕй, уой (Ӕм 31:28, 31).

Уосӕ алкӕддӕр фӕййархайуй, цӕмӕй ӕ лӕги къох араза (Ӕм 31:12). Ӕ лӕгмӕ фегъосуй, ӕнхус ин кӕнуй, удта ӕ хӕццӕ унаффӕ кӕнуй (Кл 3:18). Ӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй фӕдздзоруй ӕма иннетӕн ӕрмӕстдӕр ӕ хуарзи кой фӕккӕнуй (Ӕм 31:26).

Ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнттӕн рӕстӕг хецӕн кӕнунцӕ (Д.з 6:6, 7). Берӕ сӕ ке уарзунцӕ, уой син фӕдздзорунцӕ (Мф 3:17). Зунд син ку фӕййамонунцӕ, уӕд уарзгӕй ӕма лӕдӕргӕй фӕййархайунцӕ (Еф 6:4).

Сувӕллӕнттӕ ниййергути нимайунцӕ ӕма сӕмӕ игъосунцӕ (Ӕм 23:22). Сӕ сагъӕстӕ ӕма син сӕ тухститӕ ӕргом фӕдздзорунцӕ, удта син сӕ унаффитӕмӕ байгъосунцӕ (Ӕм 19:20).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ПУСТЬ ВАША СЕМЬЯ БУДЕТ СЧАСТЛИВОЙ!» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАБӔЛ:

Бийнонтӕй алке бон дӕр ци ӕй кӕнун, цӕмӕй сӕ хӕдзари алкӕддӕр цийнӕ уа?