ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Йеговӕ ци цийнӕ дӕттуй, е уӕ федар мӕсуг ӕй»
Адӕн ӕрӕмбурд ӕнцӕ, цӕмӕй байгъустайуонцӕ, Ездрӕ Закъони киунугӕ куд кӕсуй, уой (Не 8:1, 2; w13-U 15/10 21 ф., 2 абз.; кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл).
Израилӕгти гъудӕй цийнӕ кӕнун, сӕ тӕрегъӕдбӕл маст кӕнун нӕ, фал, уомӕн ӕма е адтӕй цийни бон (Не 8:9, 11, 12).
«Йеговӕ ци цийнӕ дӕттуй» е ӕй нӕ хъаурӕ (Не 8:10; w07-U 15/7 22 ф., 9, 10 абз.).
ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Кӕд аци дуйней зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлун, уӕддӕр мин цийнӕ ци хӕссуй?»