ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Ӕгоммӕгӕс ка ӕй, етӕ маст ӕма рист бавзарунцӕ
Еуӕй-еу израилӕгтӕ ӕрхониуонцӕ, мӕнгӕ хуцӕуттӕн ка кувта, уӕхӕн силгоймӕгти (Езд 9:1, 2; w06-U 15/1 20 ф., 1 абз.).
Етӕ Йегови бӕлвурд амундтӕ нецӕмӕ дардтонцӕ (Езд 9:10–12).
Йеговӕмӕ ке нӕ байгъустонцӕ, уой туххӕй берӕ зиндзийнӕдтӕ бавзурстонцӕ сӕхуӕдтӕ дӕр ӕма сӕ бийнонтӕ дӕр (Езд 10:10, 11, 44).
Йегови амундтӕ ӕгасӕйдӕр нӕ пайдайӕн ӕнцӕ (w09-U 1/10 10 ф., 6 абз.). Йеговӕмӕ ку игъосӕн, уӕд нӕхе берӕ зиндзийнӕдтӕй бахездзиан, федӕни ба ӕнӕкӕрон арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан.
ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Йеговӕмӕ ке игъосун, уой фӕрци мӕхе цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕй багъӕуай кодтон?»