Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Зеу сентябри. Нӕ нисан – адӕнӕн фегъосун кӕнун Хуцауи Паддзахади туххӕй!

Зеу сентябри. Нӕ нисан – адӕнӕн фегъосун кӕнун Хуцауи Паддзахади туххӕй!

Сентябри ӕгас хъауритӕй архайдзиан, цӕмӕй адӕнӕн фегъосун кӕнӕн, гъезӕмӕрттӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуцауи Паддзахадӕ ке искӕндзӕй (Мф 24:14). Дӕу бон ба куд ӕй еци зеуи байархайун? Хуцауи Паддзахади туххӕй финст кӕми ӕй, уӕхӕн стих равзарӕ ӕма байархайӕ, цӕмӕй ӕй фулдӕр адӕнӕн бакӕсай. Фиццаг хатт ке хӕццӕ дзорай, уой фулдӕр базонун ку бафӕндӕуа, уӕд ин раттӕ 2020 анзи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 2 номер. Байархайӕ, цӕмӕй имӕ тагъддӕр ӕрбацӕуай ӕма ӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайай брошюри фӕрци «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!». Еци мӕйи ӕнхусгӕнӕг пионертӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн сӕ бон уодзӕй кенӕ 15 сахатти, кенӕ 30 сахатти балӕггадӕ кӕнун.

Тагъд рӕстӕги Хуцауи Паддзахадӕ кӕрон искӕндзӕй, ӕ нихмӕ ка цӕуй, еци зӕнхон хецауӕдтӕн (Дан 2:44; 1Кр 15:24, 25). Гъӕйдӕ мадта еци зеуи не ’гас хъауритӕй байархайӕн, уотемӕй бавдесдзиан, Йеговӕ ӕма ӕ Паддзахадӕбӕл еузӕрдон ке ан!